Фенын Тигр-ы равзæрæн текст
←
Тигр
Перейти к навигации
Перейти к поиску
Нæй дын бар ацы фарс ивын ай тыххæй:
Æрдомд арæзтытæ ис бар аразын æрмаст ацы къорды уæнгтæн:
Архайджытæ
.
Ацы фарсы код фенæн æмæ халдих кæнæн ис:
{{Æндæр нысаниуæг|Цæугæдоны тыххæй кæс [[Тигр (цæугæдон)]].}} {{Æндæр нысаниуæг|Ивддзаггæнæн нæй [[стай]]имæ.}} {{Taxobox | name = Тигр | image file = Sibirischer tiger de edit02.jpg | image title = Амураг тигр | image descr = [[Амураг тигр]] | regnum = Цæрæгойтæ | phylum = [[Хордæджынтæ]] | classis = [[Æхсырæйхæсджытæ]] | ordo = [[Хомхортæ]] | familia = [[Гæдыхуызтæ]] | genus = [[Пантерæтæ]] | species = '''Тигр''' | commons = Panthera tigris | range map = Tiger distribution3.PNG | range map caption = Ареал | range map width = 275px | range legend = | wikispecies = Panthera tigris | latin = ''Panthera tigris'', [[Linnaeus]] (1758) | itis = 183805 | ncbi = 9694 }} '''Тигр''' ({{lang-la|Panthera tigris}}) — [[æхсырæйхæсгæ]] [[тугдзых]] гæдыты мыггаджы хуыз, у дæлмыггаг [[стыр гæдытæ|стыр гæдытæм]] хаугæ [[пантерæ]]ты ({{lang-la|Panthera}}) мыггаджы цыппар минæварæй иу. Ныхас «тигр» цæуы [[грекъаг æвзаг|бердзенаг]] æвзагæй ({{lang-grc|tigris}}), уый та йæхæдæг цæуы рагперсайнаг ''*tigri'', [[Уидаг (лингвистикæ)|уидагæй]] «''*taig''» нысаниуæгимæ «цыргъ; цырд».<ref>''Персайнаг æвзаджы этимологион дзырдуат. Персайнаг æвзаг æмæ литературæйы Ираны академи. Тæхран, 2004. Том 1, p. 358 ISBN 964-7531-28-1''{{ref-fa}}</ref><ref name="Liddell">{{cite book | author=Henry George Liddell, Robert Scott | year=1980 | title=A Greek-English Lexicon (Abridged Edition) | publisher=Oxford University Press | location=United Kingdom | isbn=0-19-910207-4}}</ref><ref>{{cite web|url=http://www.etymonline.com/index.php?term=tiger |title='Tiger' at the Online Etymology Dictionary |publisher=Etymonline.com |date= | accessdate = 2009-10-06}}</ref> Цалдæр ирон ныхасыздæхттыл ныхас «тигр»-ы бæсты дзурынц ныхас «'''[[стай]]'''», афтæ гуырдзиаг национ эпос «[[Стайыцармдарæг|Стайыцармдарæджы]]» ирон тæлмацы {{lang-ge|ვეფხვი}} (вепъхи — ''тигр'') тæлмацгонд у куыд ''"стай"'', фæлæ нырыккон литературон ирон æвзаджы ''стай'' у æндæр цæрæгой. Ацы хуызы минæвæртты æхсæн æмбæлынц мыггаг [[гæдытæ|гæдыты]] егъаудæр цæрæгойтæ. Тигр у уæлзæххон тугдзых сырдтæй егъаудæртæй иу, уæлдай уадзы массæйæ æрмæстдæр [[урс арс|урс]] æмæ [[тарбур арс|тарбур]] [[арс|æрсыты]]. Бæрæггонд æрцыдысты фараст тигрты [[дæлхуыз]]ы, уыдонæй [[XXI æнус]]ы райдайæнмæ баззадысты æрмæст æхсæз — сæ иумæйаг æмтгæй райсгæ нымæц иу 4000-6500 уæвæгойы<ref>[http://www.iucnredlist.org/details/136899/0/full The IUCN Red List of Threatened Species | accessdate = 2009-10-06]</ref>, уыдонæй тæккæ бирæнымæцон дæр у [[бенгайлаг тигр]] (номинативон дæлхуыз), иумæйаг популяцийы ахсы 80 %. [[XX æнус]]ы бахастæуыд [[Æрдзы хъахъхъæды æхсæнадæмон цæдисы Сырх чиныг|Æхсæнадæмон Сырх чиныгмæ]] æмæ [[Уæрæсейы Сырх чиныг]]мæ, æмæ æндæр бæстæты хъахъхъæнæн документтæм. [[2010-æм аз]]ы уавæрмæ гæсгæ тигртыл цуан æппæт дунейы дæр хъодыгонд у. == Иртæсты истори == Тигры фыццаг зонадон афыст скодта [[Карл Линней]] йæ куысты «[[Systema naturæ]]», уыцы афысты йын радта ном ''Felis tigris''<ref>Linnaeus, C. 1758. Syst. Nat. ed. 10. 1.:41</ref>. Фæстæдæр, [[1858-æм аз]]ы уырыссаг [[натуралист]] [[Северцов, Николай Алексеевич|Николай Северцов]] сфыссы ацы хуыз куыд ''Tigris striatus''. [[1867-æм аз]]ы бритайнаг [[зоолог]] [[Грей, Джордж Роберт|Джордж Грей]] йæ сфыссы куыд ''Tigris regalis''. [[1929-æм аз]]æй райдайгæйæ, тигры бахæссынц ''[[пантерæ]]ты'' мыггагмæ<ref>{{чиныг|автор = Vladimir Georgievich Geptner,A. A. Nasimovich, Andreĭ Grigorevich Bannikov,Robert S. Hoffmann |часть = 2 |заглавие = Mammals of the Soviet Union |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |бынат = New Delhi |рауагъдад = Amerind Publishing Co. |год = 1992 |том = 2 |страниц =785 |серия = |isbn = 90-04-08876-8 |тираж = }}</ref>. == Филогени == [[Файл:TigerSkelLyd1.png|thumb|left|250px|Тигры стæгдар]] Тигры хуызы [[эволюци]]йы тыххæй сæйраг бæрæггæнæнтæ райстæуыд зæххæй къахгæ баззайæгты анализмæ æмæ молекулярон [[филогенетикæ]]йы иртæстытæм гæсгæ. [[Кладистикæ|Кладистикон]] анализы базæйы бæлвырдгонд æрцыдис, хуызы сæвзæрды æмæ апарахаты центр æвæрд кæй у [[Скæсæн Ази]]йы. Тигры зæххæй къахгæ баззайæгты реконструкци рæнхъ аххосæгтæм гæсгæ у дзæвгар зын: палеонтологион ссарæггæгты къаннæг нымæц, кæдон арæхдæр вæййынц тынг фрагментацигонд; æрмæджыты счизийы æвæццæгæнад æндæр хæстæгон хуызты баззайæгтæй æмæ арæх ссарæггæгты æнæдырыс датировкæ. Тигры рагондæр къахгæ баззайæгтæ ссардæуыд цæгатаг [[Китай]]ы æмæ сакъадах [[Явæ]]йы.<ref>{{cite web |author = Van den Hoek Ostende |url = http://www.naturalis.nl/300pearls |title = Javan Tiger — Ruthlessly hunted down. 300 Pearls — Museum highlights of natural diversity |accessdate = 2009-08-30 |lang = de |archive-date = 2009-09-21 |archive-url = https://web.archive.org/web/20090921075044/http://www.naturalis.nl/300pearls/ |deadlink = yes }}</ref><ref name="Andrew"/>. Тигрмæ хæстæг фыдæлтыккон формæ «Panthera palaeosinensis» уыдис йæмæ абаргæйæ чысыл гæды, цардис Цæгатаг Китайы облæст [[Хэнань|Хэнаны]] [[плиоцен]]ы кæронæй [[плейстоцен]]ы райдайæнтæм. Ацы цæрæгойы ас уыдис æхсæйнаг нырыккон индиаг [[фæранк]]ты æмæ [[Зонды архипелаг|Зонды архипеладжы]] цæрæг тигры дæлхуызты астæу. Гæнæн ис, æмæ «Panthera palaeosinensis» уыдис фæранчы егъау формæ кæнæ иумæйаг фыдæл дыууæ кæнæ фылдæр хуызæн нырыккон «Panthera»-ты мыггагæй. Хуыз ''Panthera palaeosinensis''-ы дырыс [[таксономи|таксономион]] уагæвæрд домы æххæстгæнæн иртæстытæ. Тигры рагон къахгæ баззайæгтæ ма ссардæуыдысты Явæйы Джетис сывæлдæгты æмæ сын датировкæ лæвæрд æрцыдис 1,66-æй 1,81 милуан азы. Афтæмæй, дыууæ миллуан азы размæ, плейстоцены, тигр уыдис уæрæх хæлиугонд скæсæны Азийы, цардис ма сакъадæхты [[Борнео]] æмæ [[Палаван]]<ref name="Piper"> Piper et al. ''The first evidence for the past presence of the tiger Panthera tigris on the island of Palawan, Philippines: Extinction in an island population.'' Palaeogeography, Palaeoclimatology, Palaeoecology 264 (2008) 123—127</ref>. Нымадтой раздæр, тигры равзæрды территори нырыккон цæгатаг Китай кæй уыдис, фæлæ фæстаг палентологион бæрæггæнæнтæ æвдисынц йæ [[ареал]] бирæ уæрæхдæр кæй уыдис, уый. Палеонтологты хай нымайынц æмæ ацы хуызы равзæрынæн нæ хъуыдис цæмæй йæ фыдæл хуызтæ [[Маньчжур]]ы хуызон къаннæг участокыл цардаиккой. Морфологион æмæ генетикон [[Дивергенци (биологи)|дивергенцийæн]] фыдæлтыккон æмæ хæстæг хуызтæй хъуыдис афтиддæр хицæн [[популяци]]ты изоляци, уый та гæнæн ис æмæ æрцыдаид алыхуызон рæстæджы æмæ алыхуызон [[бæстыхъæд]]имæ æмæ [[рельеф]]имæ участокты хуссарскæсæйнаг Азийы<ref name="Andrew"/>. {|class="graytable" style="text-align:left" |+ Тигры æмæ йæ аллыхуызон дæлхуызты фæзынды филогенетикон варианттæ <br /> McKenna & Bell, 1997 и Nowak, 1991<ref>{{cite web | author = | url = http://www.helsinki.fi/~mhaaramo/metazoa/deuterostoma/chordata/synapsida/eutheria/carnivora/aeluroidea/pantheriinae.html | title = After McKenna & Bell, 1997, with recent species from Nowak, 1991 | accessdate = 2009-10-06 | lang = en | description = }}</ref>. |- | {{Clade |1=†''[[Panthera palaeosinensis]]'' |2={{clade |1=†''[[Panthera schreuderi]]'' |label2=† Æбæрæг фыдæл (''Panthera tigris'') |2={{clade |1={{clade |1=†''P. t. acutidens'' |2={{clade |1=''[[Хуссар-китайаг тигр|P. t. amoyensis]]'' |2=''[[Бенгайлаг тигр|P. t. tigris]]'' |3=''[[Каспийаг тигр|P. t. virgata]]'' |4=''[[Амураг тигр|P. t. altaica]]'' |5=''[[Индокитайаг тигр|P. t. corbetti]]'' |6=''[[Малайаг тигр|P. t. jacksoni]]'' }} }} |2={{clade |1=†''P. t. trinilensis'' |2=''[[Суматрæйаг тигр|P. t. sumatrae]]'' |3=†''[[Явæйаг тигр|P. s. sondaica]]'' |4=†''[[Балиаг тигр|P. t. balica]]'' }} }} }} }} |{{Clade |1=†''[[Panthera palaeosinensis]]'' |2={{Clade |1=†''[[Panthera schreuderi]]'' |label2=† Æбæрæг фыдæл<br />(''Panthera tigris'') |2={{Clade |1={{Clade |1=†''P. t. acutidens'' |2={{Clade |1=''[[Хуссар-китайаг тигр|P. t. amoyensis]]'' |2=''[[Бенгайлаг тигр|P. t. tigris]]'' |3=''[[Каспийаг тигр|P. t. virgata]]'' |4=''[[Амураг тигр|P. t. altaica]]'' |5=''[[Индокитайаг тигр|P. t. corbetti]]'' |6=''[[Малайаг тигр|P. t. jacksoni]]'' }} }} |2={{Clade |1=''P. t. trinilensis'' |2=''[[Суматрæйаг тигр|P. t. sumatrae]]'' |3={{Clade |1=†''[[Явæйаг тигр|P. s. sondaica]]'' |2=†''P. s. sondaica'' |3=†''P. s. balica'' }} }} }} }} }} |- |} Ахастмæ гæсгæ бирæнымæцон тигры къахгæ баззайæгтæ, датировкæгонд цæуынц периодтæй рагафонæй æрæгмæ [[плейстоцен]]ы, бæрæг сты [[Китай]]æ, [[Суматрæ]]йæ, Явæйæ; [[Инди]]йы, [[Алтай]]ы, [[Сыбыр]]ы æмæ æндæр районты тигртæ фæзындысты афтиддæр плейстоцены кæрон. Ноджы дæр ма ссардæуыдысты цалдæр стыр гæдыты ссарæггæгтæ, кæдон классификацигонд æрцыдысты куыд тигртæ, скæсæйнаг [[Беринги]]йы территорийы, фæлæ уæддæр тигры къахгæ баззайæгтæ [[Цæгат Америкæ]]йы территорийыл нырмæ бæрæггонд нæма æрцыдысты. Æхсайнаг асæй къаддæр тигртæ палеонтологион бæрæггæнæнтæм гæсгæ æрæгмæ плейстоцены цардысты [[Япон]]ы æмæ [[Сахалин]]ы. Ацы дæлхуызты къаннæгтæр ас, раст нырыккæтты хуызæн Зонды архипелагæй, æмбæрстгонд цæуы [[сакъадахон къаннæгдзинад]]ы фæзындæй. [[Файл:Amur Tiger Panthera tigris altaica Eye 2112px edit.jpg|thumb|200px|left|Амураг тигры цæст]] Абаргæ-анатомион иртæстытæм гæсгæ, тигрты æхсæйнаг ас плейстоценæй ныры дугмæты периоды фæкъаддæр (амураг тигрты ацухкæнгæйæ, уыдоны æхсæйнаг ас нæ баивта). Ацы фæзынд у характерон плейстоценаг [[æхсырæйхæссджытæ]]н æмæ бæрæг кæны алыварслæууæг æрдзы сезонон биопродуктивносты фæныллæг, кæнæ [[Хомхортæ|хомхорты]] равджы та æнцонвадат æфтиаджы æхсæйнаг асы фæкъатдæрдзинады тыххæй. Тигры [[голоцен]]он байзæдтæгтæ бæрæг сты Явæйæ æмæ [[Калимантан]]æй, фæстаг сакъадахы тигр сыскъуыдис нæ дуджы æрцыды размæ<ref name="Piper"/>. Молекулярон-филогенетикон бæрæггæнæнтæ, райсдæуыдысты алыхуызон методты æххуысæй, фидар кæнынц æнгом хæстæгон бастдзинæдтæ ''Panthera'' мыггаджы æхсæн, æмæ бæлвырд кæнынц, хуыз тигр кæй ахицæн иумæйаг фыдæлтыккон къабазæй 2 миллуан азы размæ, [[цомахъ]]æй, [[леопард]]æй æмæ [[ягуар]]æй бирæ раздæр. Афтæмæй, палеонтологион æмæ молекулярон-биологион бæрæггæнæнтæ тигры равзæрды тыххæй кæрæдзийы бæлвырд кæнынц<ref name="Piper"/>. Кæд молекулярон-биологион бæрæггæнæнтæм кæронмæ бæлвырдгонд нæма æрцыдис, скæсæйнаг Ази кæй у раст уыцы регион, кæм æрцыдис хуызы хицæндзинад иумæйаг фыдæлтыккон бинонтæй, ис бирæ æвдисæйнæгтæ, кæдонмæ гæсгæ уайы, раст ардыгæй тигртæ кæй райдыдтой парахат кæнын цæгат æмæ цæгатскæсæйнаг Азимæ æмæ Берингимæ, æмæ хуссармæ Зонды архипеладжы сакъадæхтæм, Индийы субконтиненты арæнтæм. Тигры ахастмæ гæсгæ æрæгмæ фæзынд Индийы бæлвырдгонд цæуы уымæй дæр, æмæ тигртæ кæй нæ цæрынц сакъадах [[Шри-Ланка]]йы, уый уыдис материккæй хицæнгонд дунеон океаны уæлæмæ сцыдæй голоцены райдайæны. Палеонтологты цæстæнгасы астæу ис цавæрдæр хицæндзинæдтæ, нæ фидауынц тигртæ куыд æрцардысты централон æмæ хуссарныгуылæйнаг Азийы ([[каспиаг тигр]]ы ареал): иртасджыты иу хай нымайы кæй æрбафтыдысты уырдæм цæгатскæсæйнаг Индийæ, иннæ хай та — Сыбырæй нырыккон [[Хъазахстан]]ы хуссарскæсæйнаг районтыл<ref name="Andrew"/>. Зоогеографион бæрæггæнæнтæм гæсгæ æмæ ныры рæстæг уым кæй нæ цæрынц уымæ нæ кæсгæйæ, тигртæ хъуамæ цардаиккой сакъадах [[Калимантан]]ы; фæлæ ссарæггагтæ, кæдон уый бæлвырд кæнынц сты цасдæр гуырысхойæгтæ. Фæлæ уæддæр [[туземцтæ]] знæм бисайайæ дзурынц, цы ссыртæ сæм ис, уыдон кæй сты хъæддаг тигрты, фæстæгтæ дзы мард æрцыдысты ацы туземецты фыдæлтæй 4-7 фæлтæры размæ. Уый дзуры ууыл æмæ тигр Калимантаны кæй сыскъуыдис иу 200 азы размæ. Калимантаныл тигртæ кæй уыдис ууыл ма дзуры дæндаджы ссард дæр лæгæт Ниайы сакъадахы малайзиаг хайы ([[Саравак]]), [[неолит]]ы рæстæджы сывæлдæгты<ref name="Andrew">{{чиныг|автор =Andrew C. Kitchener |часть = |заглавие = The evolution of the tiger |оригинал = |ссылка = http://web.archive.org/web/20070307225504/http://www.savethetigerfund.org/Content/NavigationMenu2/Community/GeneralPu blic/EvolutionofTigers/TigerEvolution.pdf |ответственный = |издание = |место = |издательство = Cambridge University Press|аз = 1999 |том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. == Æддаг бакаст == [[Файл:Sib-007.gif|left|thumb|140px|[[Амураг тигр]] 183 см ас адæймагимæ абаргæйæ.]] [[Файл:Ben-007.gif|left|thumb|140px|[[Бенгайлаг тигр]] 183 см ас адæймагимæ абаргæйæ.]] Тигр у егъаудæр æмæ уæззаудæр æппæт хъæддаг гæдыты æхсæн, фæлæ йæ алыхуызон дæлхуызтæ тынг хицæн кæнынц кæрæдзийæ асæй æмæ буары массæйæ. Тигры материкон дæлхуызтæ сты сакъадахонтæй дынджырдæр. Тæккæ егъаудæртæ сты индиаг (бенгайлаг) æмæ амураг (сыбыраг, уссуриаг) дæлхуызтæ. Амураг нæл тигрты бон у дæргъмæ айрæзын 3,5 метрмæ æнæ къæдзилæй æмæ хицæн равгты сæ уæз хæццæ кæны 300 кг онг.<ref name="der-tiger">{{чиныг|автор = Vratislav Mazak |заглавие = Der Tiger Nachdruck der 3 |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = Westarp Wissenschaften Hohenwarsleben |аз =2004 |том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn =3 894327596 |тираж = }}</ref>. Æхсайнагæй та амураг нæл тигртæ дæргъмæ æнæ къæдзилæй вæййынц 190-220 см, буары æхсайнаг уæзимæ 180-275 кг (тигры къæдзилы дæргъ арæхдæр вæййы 60-110 см)<ref>Красная книга СССР. Редкие и находящиеся под угрозой исчезновения виды животных и растений. — М.: Лесная промышленность, 1978. — 460 с.</ref>. Буары дæргъ æнæ къæдзилæй аллы хуызон дæлхуызты æхсæн æнкъуысы 1,4 м — 3,5 м онг. Къæдзил 60-90 (амураг тигрæн 110-115 см онг<ref name="USSR">{{cite book | author = V.G. Heptner & A.A. Sludskii | title = Mammals of the Soviet Union, Volume II, Part 2 | year = | pages = | isbn = 9004088768}}</ref>). Йæ бæрзæнд мæсыгмæты 1,15 м. Хъомыл нæл æрдзы арæхдæр фæласы 180-æй 250 кг (бенгайлаг æхсæйнагæй — 220 кг; Цæгатаг Индийы æмæ Непалы цæрæг бенгайлаг — 235 кг бæрц.)<ref name="der-tiger"/>. Сыл тигртæ сты бирæ къаддæр нæлтæй, амураг <ref name="kuznec"/> æмæ бенгайлаг дæлхуызты массæ хæццæ кæны 100-181 кг. Æппæт уæваг тигрты дæлхуызтæ нымайгæйæ, нæлы æхсæйнаг уæз у 180-200 кг, сылы — 120-140 кг. Тигры сæрыкъуыдыры кондилобазалон дæргъ у 200 мм фылдæр. Фындзы сджыты фæстаг кæрæттæ бацæуынц уæллаг æфсæрты стджыты æмвæзы фæстæмæ.<ref name="kuznec"/> Хомыл тигр, раст иннæ [[гæдытæ|гæдыты]] хуызон, у 30 [[дæндаг|дæндаджы]] хицау. Уæллаг æмæ дæллаг æфсæртыл фæйнæ 6 раззаг дæндаджы, 2 [[ссыр]]ы; уæллаг æфсæрыл 3 [[премоляр]]ы æмæ 1 [[моляр]]; дæллаг æфсæрыл 2 пермоляры æмæ 1 моляр. [[Дæндагон формулæ]]: <math>I{3 \over 3} C{1 \over 1} P{3 \over 2} M{1 \over 1}</math>. Хорз размæцыд сты ссыртæ, сæ дæргъ хæццæ кæны 8 см онг<ref name="kuznec">Кузнецов Б. А. Определитель позвоночных животных фауны СССР Часть 3: Звери. М.: «Просвещение», 1975. 200 с. с ил.</ref>, æххуыс кæнынц тигрæн амæттаг марын. Даргъ æмæ цæрдæг æвзаджы фæрстыл ис сæрмагонд къуыбыргондтæ, æмбæрзт сты [[кератин|ныхъхъæбæргонд]] эпителæй æмæ фадат дæттынц хицæн кæнын амæттаджы стæгдарæй дзидза. Уыцы къуыбыргондтæ ма ахъаз сты тигрæн хи хсгæйæ. Тигры хуызы сæйраг тон æнкъуысы æзгæ-сырхæй æзгæ-морæхуызмæ; гуыбын, риу æмæ дзæмбыты мидуæлцъартæ сты ирд. Ноджы ма хъусты цæгаты ис ирд фæнысæнттæ. Буар у тӕгтӕй æмбæрзт, сæ хуыз ивы морæхуызæй — сатæг саумæ. Сæ формæ æмæ дæргъ алы дæлхуызтæн дæр у сæрмагонд, фæлæ тигрты фылдæрæн вæййы 100 тагæй фылдæр<ref name="kuznec"/>. [[Файл:Panthera tigris altaica (Amurtiger straekker sig).jpg|thumb|left|200px|[[Амураг тигр]]]] Тагты равæрд у уникалон аллы хицæн сырдæн дæр, уымæ гæсгæ дзы ис бæрæг кæнын хицæн индивидты, раст адæймаджы æнгуылдзты фæдты хуызæн. Ацы хицæндзинадæй фæпайда кæнынц иртасджытæ, æрдзы мидæг сæ цæст куы фæдарынц хицæн сырдтæм, уæд. Тæлмты сæйраг функци — тугдзыхы маскировкæ цуаны рæстæг. Тигры характерон хуыз у ахъаззаг пыхсбыны, уым йæ уадзы æнæфиппайдæй уæвын. Алыхуызон географион уавæртæм гæсгæ ивы, æмæ у сæйраг мадзал тигрты дæлхуызтæ хицæн кæнынмæ. Хъулон ныв канд хъуыныл конд нæу, фæлæ ма суанг цъарыл дæр ис, æмæ сырдæн йæ къуымбил куы æрдасай, уæддæр фæстæдæр разайгæ хъуыныл рацарæзт вæййы фыццагон ныв.<ref name="Seidensticker">{{чиныг|автор =John Seidensticker |часть = |заглавие = Riding the Tiger. Tiger Conservation in Human-dominated Landscapes |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = Cambridge University Press |год = 1999|том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn =0-521-64835-1 |тираж = }}</ref> Тигры буар у массивон, даргъгонд, мускулджын, тасаг. Къæдзил даргъ, æмбæрцæй хъуынæй æхгæд. Сæр тымбылгонд. Хъустæ къаннæгтæ тымбылгондтæ. Хъисæй æмбæрзæн æнгом æмæ ныллæг хуссайраг дæлхуызтæн, бæрзонд æмæ хъуынджын — цæгатæгтæн.<ref> {{чиныг|автор = |часть = |заглавие = Жизнь животных |оригинал = |ссылка = |ответственный = Наумова С. П. и Кузякина А. П|издание = 1е |место = Москва |издательство = «Просвещение» |год = 1971. |том = 6 |страницы = |страниц = 691 |серия = |isbn = |тираж = }} </ref> Раззаг дзæмбытыл фæйнæ 5 æнгуылдзы, фæстæгтыл — фæйнæ цыппар, æппæт дæр мидæмæ быргæ ныхтимæ. Тигртæ сты хорз размæцыд талынгон уынды хицæуттæ, цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ та сын цыдæр хайы ис хуызон уынд. Пантерæты мыггаджы иннæ минæвæртты хуызон, тигрмæ дæр хурхы æмæ хъæлæсы уæнгбæттæнты арæзты тыххæй ис фадат рыхын, фæлæ арæхдæр йæ хъæлæс райхъуысы афтиддæр схъазынмæ куы фæхъавынц, уæд. == Ареал == Тигр у æрмæстдæр азиаг хуыз. Тигры историон ареал (ныр тынг дихтæгонд у арæх кæрæдзийæ дард æвæрд хицæн популяцитыл) ис [[Уæрæсе]]йы [[Дард Скæсæн]]ы, [[Иран]]ы, [[Афгъанистан]]ы, [[Китай]]ы, [[Инди]]йы æмæ Хуссар-Скæсæн [[Ази]]йы бæстæты, [[Зонды архипелаг]]имæ (Индонезийы сакъадæхтæ)<ref name="Seidensticker"/>. Тигры цæрыны ареал арæзт æрцыдис Китайы цæгаты, [[плейстоцен]]ы райдайæнты (иу 2 милуан азы размæ). Дæс мин азы размæ тигртæ ацыдысты хуссармæ [[Гималайтæ|Гималайты]] сæрты, æмæ апарахат сты ӕнӕхъӕн Индийыл, [[Малайы æрдæгсакъадах]]ыл æмæ сакъадӕхтыл [[Суматрæ]], [[Явæ]] æмæ [[Бали]]йыл. Цалдæр æнусы размæ йæ цæрæнрæттæ арæнгонд уыдысты афтæ 50 градусы ц.у. ([[Хъазахстан]]), 50 градусы с.д. (Цæгат [[Иран]]), 140 градусы с.д. ([[Амур (цæугæдон)|Амур]]ы [[донæфтæн]]æй), 8 градусмæ х.у. (Зонды сакъадæхтæ). Ныр ацы территориты фылдæр хайыл тигртæ цагъд æрцыдысы; егъаудæр популяцитæ баззадысты Индийы æмæ [[Индокитай]]ы. Уæрæсейы гæрæтты гыццыл популяци ис афтиддæр Дард Скæсæны [[Денджызгæрон край]]ы<ref>{{чиныг|автор = Слудский А. А|хай = |заглавие = Распространение и численность диких кошек в СССР |оригинал = |ссылка = |ответственный = |рауагъд = |бынат = Алма-Ата |издательство = Тр. Зоол. ин-та Казахской ССР|год =1973 |том = 34|страницы = 6—106.|страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref> æмæ [[Хабаровсчы край]]ы. Афтиддæр [[1995]] æмæ [[2005]] æзты астæу тигрты ареал Азийы фæцыбырдæр 40 %, афтæмæй уайы сæ раздæр территорийæ ма цæрынц афтиддæр 7 %<ref> [[Science]] Band 313 (Heft 5786), 20. Juli 2006, S. 419</ref>. Тигртæ цæрынц ландшафтты уæрæх спектры: [[уымæл тропикон хъæд]]тæ, [[мангртæ|мангрон]] цыфдзæсттæ æмæ [[хурхъæз]]ы пыхсытæ тропикты, хус [[саваннæ]]тæ, æрдæгæдзæрæгрæттæ, гом дурджын сопкæты æмæ [[тайга]]йы цæгаты. Хæхты хæццæ кæнынц 3000 м [[денджызы æмвæз]]æй. == Дæлхуызтæ == [[Файл:Panthera tigris altaica 28 - Buffalo Zoo.jpg|thumb|180px|[[Амураг тигр]]]] [[Файл:Panthera tigris tigris.jpg|thumb|180px|[[Бенгайлаг тигр]]]] [[Файл:Tiger 032.jpg|thumb|180px|[[Индокитайаг тигр]]]] [[Файл:Panthera tigris sumatran subspecies.jpg|thumb|180px|[[Суматрæйаг тигр]]]] [[Файл:Panthera tigris amoyensis.jpg|thumb|180px|[[Хуссар-китайаг тигр]]]] [[Файл:Bali tiger zanveld.jpg|thumb|180px|[[Балийаг тигр]]]] [[Файл:Panthera tigris virgata.jpg|thumb|180px| [[Къаспы тигр]]. [[Берлин]]ы зоопарк. [[1899]]]] [[Файл:Panthera tigris sondaica 01.jpg|thumb|180px|[[Явæйаг тигр]]]] Æппæт хицæнгонд æрцыдысты тигры фараст хуызы, уыдонæй 3 нырид адæймагæй скъуыддзаггонд æрцыдысты. * {{btname|'''[[Амураг тигр]]'''|(''Panthera tigris altaica'')}}, зындгонд ма у ноджы куыд уссуриаг, сыбираг, маньчжураг æмæ цæгаткитайаг, сæйрагдæр цæры Уæрæсейы Денджызгæрон æмæ Хабаровсчы крайты, æмæ гыццыл нымæцæй Китайы цæгат-скæсæны æмæ Цæгат Корейы. Фæстаг дыууæ хыгъды (1996 æмæ 2005 æзты.<ref name="casp">{{cite web|url=http://www.tigerhomes.org/animal/curriculums/caspian-tiger-pc.cfm|title=The Caspian Tiger — ''Panthera tigris virgata''|accessdate = 2009-10-06}}</ref><ref name="casp2">{{cite web|url=http://www.lairweb.org.nz/tiger/caspian.html|title=The Caspian Tiger at www.lairweb.org.nz|accessdate = 2009-10-06}}</ref>) равдыстой амураг тигры 480-520 сырды уæвындзинад æрдзы, кæдон цæрынц иумæйаг, æнæдихтæ ареалы, уый та кæны ацы популяци егъаудæр зæххы цъарыл<ref>{{Чиныг|автор =Graham Batemann |часть = |заглавие = Die Tiere unserer Welt Raubtiere|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |бынат = Verlag|издательство = Bertelsmann|год = 1986|том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. Амуры тигр хауы тæккæ егъаудæр дæлхуызтæм, нырыккон бæрæггæнæнтæм афтиддæр иугыццыл фæстейæ зайы уæзæй индийаг (бенгайылаг) дæлхуызæн, уæлдайдæр та бенгайлагæн Индийы цæгатæй æмæ Непалæй. Ацы дæлхуыз хъауджы кæны даргъ, бæзджын мехæй, гыццыл тардæр бурхил фонимæ æмæ иннæ дæлхуызтæй къаддæр тæлмтæй. Амураг тигр ма у тæккæ егъаудæр минæвæрттæй гæдыты мыггаджы: æхсæзмæйдзыд тигры лæппын уæзæй æмæ асæй æййафы хъомыл [[леопард]]ы. * {{btname|'''Бенгайлаг''', кæнæ '''Паддзахы [[бенгайлаг тигр]]'''|(''Panthera tigris tigris'')}} — тигры номинативон дæлхуыз, цæры Индийы, [[Бангладеш]]ы, [[Непал]]ы, [[Бутан]]ы территоритыл, æрцардис уæрæх [[биотоп]]ты спектры уарынон хъæдтæй хус саваннæты æмæ мангрты онг. Бенгайлаг тигрты къаннæг нымæц цæры экорегион [[Тераи-Дуар]]ы арæнты мидæг. Индиаг хицауадæй лæвæрд информацимæ гæсгæ, ацы дæлхуызы популяци у 3100-4500 цæрæгойы, иу 3000 бæрц дзы цæрынц Индийы территорийыл<ref>[http://books.google.com/books?id=LvM-3i6z8iQC&pg=PA1394&dq=bengal+tiger+largest&lr=&client=fi refox-a EXPLORING MAMMALS], Marshall Cavendish, Marshall Cavendish Corporation, John L Gittleman</ref>; фæлæ бирæ индиаг ахуыргæндтæ не ууæндынц ацы информацийыл, нымайынц хаст цифрæтæ æгæр бæрзæндтыл. Æндæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ тигрты нымæц Индийы гæнæн ис æмæ у 2000 сырдæй къаддæр<ref>{{cite web|url=http://www.indianjungles.com/090805d.htm |title=Task force says tigers under siege |publisher=Indianjungles.com | accessdate = 2009-10-06}}</ref>, уыдонмæ гæсгæ тигрты популяцийы нымад фæдтæм гæсгæ æххæстгонд кæй æрцыдис, уый радта уæлдæргонд бæрæггæнæнтæ, ацы методикæйæ пайда кæнгæйæ фылдæр хатт афтæ рауайы. Ацы дæлхуыз æппæтæй бирæнымæцондæр кæй у, уый дæр æй нæ хизы сыскуыйыны тасæй, хъыгдарынц æй [[браконьердзинад]] æмæ æрдзон царды фалдзусы фехæлд. Æппæт тигртæ æрдзæвæрæнтæй иуы (Сариска) цагъд æрцыдысты [[браконьер]]тæй. [[1972-æм аз]]ы Индийы райдыдта егъау æрдзхъахъхъæнæн проект, хъуыстгонд у куыд «Тигры Проект», йæ нысан у ацы территорийыл тигры бахъахъхъæнын. Ацы мадзæлттæ æххæст гæныны тыххæй тигрты нымæц фæфылдæр ис 1970-тæй 1200-æй 3000-мæ 1990-тæм<ref>{{citation | last=Wade | first= Matt | author-link=Matt Wade | title=Threat to a national symbol as India's wild tigers vanish | newspaper=The Age (Melbourne) | date=February 15, 2008 | page=9}}</ref>; ацы проект æрцыдис нымад дунейы æрдз бахъахъхъæныны фæдыл арæзт тæккæ æнтыстджын программæтæй иуыл. Бенгайлаг тигрты нæлтæ ласынц æхсæйнагæй 205 кг-мæй 227 кг онг, сылтæ 140-150 кг. Бенгайлаг тигртæ Индийы цæгатæй æмæ Непалæй егъаудæр сты Индийы субконтиненты хуссарæй тигртæй. * {{btname|'''[[Индокитайаг тигр]]'''| (''Panthera tigris corbetti'') }} (хъуыстгонд ма у куыд Корбеты тигр) цæры [[Камбоджæ]]йы, хуссайраг Китайы, [[Лаос]]ы, [[Таиланд]]ы, [[Малайзи]]йы æмæ [[Вьетнам]]ы. Ацы дæлхуызы сырдты нымæц алы хуызæн бæрæггæнæнтæм гæсгæ æнкъуысы 1200–1800 цæрæгойы астæу, фæлæ дырысдæрыл нымад цæуы ацы интервалы ныллæгдæр æвдисæнмæ хæстæг цифрæ. Егъаудæр популяци цæры Малайзийы, ацы бæстæйы тызмæг мадзæлтты æххуысæй браконьердзинад къаннæггонд æрцыдис, фæлæ тигрты популяцитæн фесафыны тас ис ареалты фрагментацийы æмæ [[инбридинг]]ы тыххæй. Вьетнамы тигрты æртæ цыппæрæмы цагъд æрыдысты се уæнгтæ ауæй кæныны тыххæй китайаг медицинæйы хостæн. Индокитайаг тигрæн ис тардæр хуыз. Нæлты уæз 150-190, сылты 110-140 кг. * {{btname|'''[[Малайаг тигр]]'''|(''Panthera tigris jacksoni'')}} æмбæлы æрмæст дæр [[Малаккæ (æрдæгсакъадах)|æрдæгсакъадах Малаккæ]]йы хуссайраг (малайаг) территорийыл. Ацы дæлхуыз бæрæггонд æрцыдис афтиддæр [[2004-æм аз]]ы (раздæр популяци хуыдтой индокитайагыл) иртæстыты цыды рæстæг, кæдон æххæстгонд æрцыдысты ахуыргæндты къордæй, сæ саргъы Стивен О’Брайан . Фæстаг хыгъдтæ равдыстой йæ нымæц кæй у 600-800 сырды, уый йæ кæны æртыккаг нымæцмæ гæсгæ тигрты дæлхуызты астæу. * {{btname|'''[[Суматрæйаг тигр]]''' |(''Panthera tigris sumatrae'')}} æмбæлы афтиддæр индонезиаг сакъадах [[Суматрæ]]йы. Хъæддаг популяцийы нымæц бæрæггонд цæуы куыд 400-500 сырдмæ æввахс, сæ фылдæр цæрынц [[национ парк]]ты æмæ [[æрдзæвæрæн]]ты. Æрæджийон [[генетикæ|генетикон]] иртæстытæ æвдисынц [[генотип]]ы кæй сты уникалон генетикон маркертæ; уый амоны ацы дæлхуызы бындурыл рæстæгимæ гæнæн ис æмæ сывзæрдзæнис гæдыты мыггаджы хицæн хуыз (кæд дæлхуыз нæ фесæфа уæд). Суматрæйаг тигрæн сæйраг тас у уый æмæ йæ алфæмблайон æрдз хæлд цæуы (хъæдты карст цæуы Суматрæйы хъахъхъæд территоитыл дæр) стæй ма [[1998]] æмæ [[2000]] азы астæу браконьертæ амардтой 66 тигры (популяцийы 20 %). Суматрæйаг дæлхуыз у тæккæ къаннæгдæр ныр уæвгæ тигртæй: хъомыл нæлты уæз 100-130 кг, сылты — 70-90 кг. Ацы дæлхуызы иннæтимæ абаргæйæ къаннæг ас нымайынц Суматрæйы тропикон хъæдты цардмæ адаптацийыл. [[2007-æм аз]]ы [[3 февралы]] суматрæйаг тигры зайынаг сыл ахст æрцыдис бынæттон цæрджытæй цæрæнран Рокан-Хилиры цур провинци Риауйы: æрдз хъахъхъæныны фарстатыл администраци снысан кодта ацы сырды арвитын сафари-парк Богормæ сакъадах [[Явæ]]йыл<ref> {{чиныг|автор =Cracraft J., Feinstein J., Vaughn J., Helm-Bychowski K |часть = |заглавие = Sorting out tigers (Panthera tigris) Mitochondrial sequences, nuclear inserts, systematics, and conservation genetics.|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = |год = 1998|том = |страницы = 139—150|страниц = |серия = Animal Conservation 1|isbn = |тираж = }}</ref>. * {{btname|'''[[Хуссар-китайаг тигр]]'''| (''Panthera tigris amoyensis'')}} у дæлхуыз тынгдæр фесæфынæн тас кæмæн у ахæм, вæццæгæн æрдзы ацы хуыз нал ис<ref>{{cite web | url = http://www.savechinastigers.org/ | title = Safe Chinas Tigers | accessdate = 2009-08-30 | lang = eng }}</ref>. У тæккæ къаннæгдæр тигры дæлхуызтæй: йæ буары дæргъ 2,2-2,6 м. Нæлты уæз 127-177 кг, сылты 100-118 кг. [[1977-æм аз]]ы китайы хицауад райста закъон кæци ивар кодта тигртыл цуан, фæлæ хуссар-китайаг дæлхуызæн уый нал баххуыс ис<ref>{{cite web | author = | authorlink = | datepublished = | url = http://www.china.org.cn/english/China/217122.htm | title = www.china.org.cn | accessdate = 2009-08-30 }} </ref>. Æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæстаг хуссар-китайаг тигр æрдзы мард æрцыдис [[1994-æм аз]]ы. Ныры рæстæджы хуссар-китайаг тигры 59 сырды цæрынц ахстуаты (æппæт дæр Китайы), фæлæ иууылдæр сты афтиддæр 6 сырды байзæддæгтæ. Уымæ гæсгæ ацы дæлхуызы генетикон алыхуызондзинад тынг цыбыргонд у. [[2008-æм аз]]æй Китайы хицауад æххæст кæны мадзæлтты рæнхъ цæмæй фæстæмæ фæзын кæна хуссар-китайаг тигртæ æрдзы<ref>{{cite news|url=http://news.bbc.co.uk/1/hi/world/asia-pacific/7042257.stm |title=Rare China tiger seen in the wild |publisher=BBC News}}</ref>. === Быныскъуыд дæлхуызтæ === * {{Вымер}} {{btname|'''[[Балиаг тигр]]'''| (''Panthera tigris balica'')}} цардис афтиддæр чысыл сакъадах [[Бали]]йы. Ацы дæлхуыз сыскъуыдтой цуанонтæ: фæстаг балиаг тигр (хъомыл сыл) мард æрцыдис сакъадахы ныгуылæн хайы [[1937-æм аз]]ы [[27 сентябры]]<ref>Buzas, B. and Farkas, B. 1997. An additional skull of the Bali tiger, Panthera tigris balica (Schwarz) in the Hungarian Natural History Museum. Miscellanea Zoologica Hungarica Vol 11 pp: 101—105. </ref>. Ахстуаты балиаг тигртæ никуы уыдысты. Быныскъуыд кæй ссис уымæ дæр нæ кæсгæйæ тигр ахсы ахсджиаг роль [[индуизм]]ы баленезиаг версийы. * {{Вымер}} {{btname|'''[[Каспийаг тигр|Каспийаг]]''' (турайнаг, персайнаг) '''тигр'''| (''Panthera tigris virgata'')}} сыскъуыд 1960-æм æзты кæрон; фæстаг æвдисæн ацы сырдимæ фембæлды тыххæй уыдис 1968-æм азы<ref name="driscoll">{{cite web | author = | url = http://www.plosone.org/article/info%3Adoi%2F10.1371%2Fjournal.pone.0004125 | title = Mitochondrial Phylogeography Illuminates the Origin of the Extinct Caspian Tiger and Its Relationship to the Amur Tiger | accessdate = 2009-08-30 | description = }}</ref>, цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ та фæстаг каспийаг тигры амардтой Турчы хуссарскæсæйнаг хайы 1970-æм азы<ref name="casp2 1">{{citeweb|url=http://www.lairweb.org.nz/tiger/caspian.html|title=The Caspian Tiger at www.lairweb.org.nz|accessdate=12 October 2007}}</ref>. Ацы дæлхуызы историон ареал ахста [[Иран]], [[Афгъанистан]], [[Пакистан]], [[Ирак]], [[Узбекистан]], [[Хъазахстан]]ы хуссар, [[Туркменистан]] æмæ [[Турк]]. Каспиаг тигр уыдис егъау дæлхуызтæм хауæг: тæккæ уæззаудæр барст нæл сырд ласта 240 кг. Хуызы фонон фæлгъуыз æнгæстæ уыд индиаг дæлхуызтимæ, фæлæ тæлмтæ нарæгдæр æмæ арæхдæр, фылдæр тар фæныкхуыз кæнк морæ. Каспийаг дæлхуызы мех уыдис даргъ (иннæтимæ абаргæйæ) уæлдайдæр зымæджы. Каспийаг тигр бенгайлагимæ иумæ уыдис тигры дыууæ дæлхуызтæй иу кæдонæй пайда кодтой [[гладиатор]]ты тохты. Нырыккон молекулон-генетикон иртæстытæм гæсгæ ацы дæлхуыз æнгæстæ у амураг тигримæ<ref name="driscoll2">[http://www.plosone.org/article/info%3Adoi%2F10.1371%2Fjournal.pone.0004125 Mitochondrial Phylogeography Illuminates the Origin of the Extinct Caspian Tiger and Its Relationship to the Amur Tiger]</ref>. * {{Вымер}} {{btname|'''[[Явæйаг тигр]]'''| (''Panthera tigris sondaica'')}} цардис индонезиаг сакъадах [[Явæ]]йы. Æппæт бæрæггæнæнтæм гæсгæ цагъд æрцыдис дыууынæм æнусы 80-æм æзты цуаны æмæ æрдзон уавæрты фехæлды тыххæй. Сыскъуыд уырнинаг ссис [[1950-æм аз]]æй райдайгæйæ, уæд тигрты нымæц Явæйы фæкъуыннæгдæр 25 сырды онг. Фæстаг хатт явæйаг тигры федтой æрдзы [[1979-æм аз]]ы<ref>{{cite web |url=http://www.thejakartapost.com/yesterdaydetail.asp?fileid=20021030.S03 |title=Bambang M. 2002. In search of 'extinct' Javan tiger. The Jakarta Post (October 30) |publisher=Thejakartapost.com |date= |accessdate=2009-10-06 |archive-date=2007-09-29 |archive-url=https://web.archive.org/web/20070929111709/http://www.thejakartapost.com/yesterdaydetail.asp?fileid=20021030.S03 |deadlink=yes }}</ref>. == Гибридтæ == Тигры [[Гибрид (биологи)|гибридтæ]] фыццаг райдыдтой зынын [[XIX æнус]]ы, [[зоопарк]]ты хицæутты фæндыд æрбацæуджыты æрбасайын сæ уагдæттæм æфтиаг фæфылдæр кæныны тыххæй<ref name="hybridisation">{{cite web|url=http://www.lairweb.org.nz/tiger/hybridisation.html|title=History of big cat hybridisation|accessdate = 2009-10-06}}</ref>. Хъуыстгонд сты цомахъ æмæ тигры астæу гибридтæ (арæхдæр амураг æмæ бенгайлаг дæлхуызтæ). * [[лигр]] — [[цомахъ]] æмæ сыл тигры хæццæтуг. Лигрты сылтæ дæттынц байзæддаг, уый æнахуыр у гибридтæн<ref>S. Luo et. al.: ''Subspecies Genetic Assignments of Worldwide Captive Tigers Increase Conservation Value of Captive Populations.'' Current Biology, 18 (8), S. 592—596, [http://www.current-biology.com/content/article/abstract?uid=PIIS096098220800434X]{{Æнæбаххæсгæ æрвитæн|date=September 2023 |bot=InternetArchiveBot |fix-attempted=yes }}, {{DOI|10.1016/j.cub.2008.03.053}}</ref>. Лигр сырдтæ рæзынц æппæт царды дæргъы æмæ зæрондмæ сæ дæргъ æнæ къæдзил банымайгæйæ хæццæ кæны 3 м. Лигры æнахуыр гигантизм рауайы уый тыххæй æмæ цомахъ æмæ сыл тигры [[ДНТ]]-йы ис рæзыны [[ген]]. Нæл тигрæн æмæ сыл цомахъæн та ахæм ген нæй<ref name="liger">{{cite book| last=Markel |first=Scott| coauthors= Darryl León| year= 2003 |title=Sequence Analysis in a Nutshell: a guide to common tools and databases | publisher= O'Reily |location=Sebastopol, California |isbn=0-596-00494-X}}</ref>. Уæрæсейы сыл лигр ис [[Новосибирск]]ы зоопарчы. * [[тигроцомахъ]] (тайгон) — нæл тигры æмæ сыл цомахъы хæццæтуг. Иу кæны дыууæ ныййарæджы миниуджытæ дæр: вæййы йыл тæппытæ мадæй æмæ тæлмтæ фыдæй. Йæ барц, кæд вæййы уæд, кæддæриддæр цомахъы барцæй къаддæр вæййы. Арæхдæр тигонтæ сты цомахътæй æмæ тигртæй къаддæр æмæ ласынц 150 кг. Тигоны нæлтæ кæддæриддæр сты стерилон, сылтæ та — не сты.<ref>{{cite web|url=http://www.britannica.com/eb/article-9001344/tigon|title= tigon — Encyclopædia Britannica Article|accessdate = 2009-10-06}}</ref> == Ахуырсты хуызон вариацитæ == === Урс тигр === Тигрæн ис бæрæг мутаци, уый фæрцы фæзыныц сырдтæ æххæст урс ахуырстимæ — бенгайлаг тигртæ сау-морæ тæлмтимæ уырс цармыл æмæ æрвхуыз цæстытимæ. Ахæм ахуырст тынг стæмхатт фембæлы хъæддаг сырдты астæу, фæлæ абаргæйæ арæх вæййы ахстуаты цæрæг популяциты. Урс тигрты фæзынды арæхдзинад — 1 сырд 10 000 æнæуый ахуырстимæ<ref>{{cite web | author = | url = http://bigcathaven.org/cats/wild/white_tigers_genetics.htm | title = White Tigers | accessdate = 2009-10-06 | description = | archive-date = 2008-12-31 | archive-url = https://web.archive.org/web/20081231101528/http://bigcathaven.org/cats/wild/white_tigers_genetics.htm | deadlink = yes }}</ref>. Урс тигртæ хорз бирæ кæнынц ахстуаты. Фыццаг кой ацы тигрты тыххæй хауы [[1951-æм аз]]мæ, уæд цуангæнджытæй иу райста тигры хуыккомæй урс тигры лæппыны. Фæстæдæр ацы тигр схъазын кодтой æнæуый ахуырст сыл тигримæ æмæ дзы райгуырд цыппар æнæуый тигры. Фæстæдæр æй схъазын кодтой йæ цотæй иуимæ æмæ дзы рауад 3 тигры, уыдонæй дыууæ урсытæ. Ахстуаты цæрæг урс тигртæ æппæт дæр сты иу сырды байзæддæгтæ<ref>Thornton, I.W.B. 1978. White tiger genetics-further evidence. J. Zool. 185:389-394</ref>. Ныр дунейы зоопарчыты ис иу 130 урс тигры<ref>{{cite web | author = | url = http://www.bigcatrescue.org/cats/wild/snowtigers.htm | title = Snow Tigers | accessdate = 2009-08-30 | lang = en | description = | archive-date = 2008-09-05 | archive-url = https://web.archive.org/web/20080905085921/http://www.bigcatrescue.org/cats/wild/snowtigers.htm | deadlink = yes }}</ref><ref name="unusual1">{{cite web | author = | url = http://www.lairweb.org.nz/tiger/white.html | title = The white tiger today and the unusual white lion | accessdate = 2009-08-30 | lang = en | description = }}</ref>. Æмæ кæд сæ цармыл дырысæй зыныц сау тæлмтæ, уæддæр фæзынд мæнг хъуыды, урс тигртæ дам [[альбинос]]тæ сты<ref name="nz">{{cite web|url=http://www.lairweb.org.nz/tiger/white.html|title=White tigers|accessdate = 2009-10-06}}</ref>. === Зæрин тигр === [[Файл:Golden tiger 3 - Buffalo Zoo.jpg|thumb|left|280px|Сыгъзæрин тигр. [[Буффало]]йы зоопарк]] Афтæ хонгæ сыгъзæрин [[Инфрæхуызон рангтæ|алуынд]] — тæккæ стæмхаттæр æмбæлгæ хуызы ивд, расайы йæ реццесивон ген. Фыццаг койтæ ахæм хуыз тигримæ хъæддаг æрдзы фембæлды тыххæй хауынц XX-æм æнусы райдайæнмæ<ref name="tigers-golden">{{cite web | author = | url = http://www.messybeast.com/genetics/tigers-golden.htm | title = Golden Tigers and Genealogies | accessdate = 2009-08-30 | lang = en | description = }}</ref>. Фыццаг уыдис рагъмæ хаст теори, кæцымæ гæсгæ ахæм хуыз фæзынд тигрты чысыл популяцийы мидæг, кæдон цардысты хъæздыг æлыгджын мæртимæ бæстæты, æнахуыр хуыз та сын æххуыс кодта цуан кæнгæйæ хи æфснайын. Теори базадис æнæбæлвырдгондæй. Ныр ахстæй цæрынц иу 30 сырды ахæм хуыз ахуырстимæ. Раст урс хуыз тигрты хуызæн адон дæр сты сæйрагдæр бенгайлаг дæлхуызæй, фæлæ сæ туджы цыдæр хай у амураг урс тигр Тонийæ, кæцы у Цæгат Америчы æппæт урс тигрты фыдæл<ref>{{cite web|url=http://www.lairweb.org.nz/tiger/tabby.html |title=Golden tabby Bengal tigers |publisher=Lairweb.org.nz |date= | accessdate = 2009-10-06}}</ref>. Парахатгонд рæдыд, кæцымæ гæсгæ ахæм хуыз тигртæ фæзындысты бенгайлаг æмæ амураг тигртæ хæццæ кæнынæй. === Æндæр вариацитæ === Хабæрттæ уыдис бенгайлаг тигрты астæу кæй фæзынд [[Меланизм|меланисттæ]] фæздæгхуыз кæнæ нæхъæнæй дæр сау цармимæ. Ноджы ма хъусынгæнинæгтæм гæсгæ бæрæггонд æрцыдысты тигрæ цъæх-фæныкхуыз ахуырстимæ (мальтиаг тигр)<ref name="nz" />. Ацы ахуырсты типты расайдтой цудгæ [[мутаци]]тæ. == Биологи æмæ экологи == Цырд у куыд талынгæй афтæ боны рухсæй дæр. Цæуы дынджыр къахдзæфтæ кæнгæйæ. Бæлæстæм нæ быры. лæппынтæ æмæ æрыгон сырдтæ йæдтæмæ. Иттæг хорз кæны ленк — хуссайраг бæстæты тигртæ тæвды æдзухдæр сæзи фæнайынц. Сæ хъуын калынц аз дыууæ хатты — мартъийы æмæ сентябры. === Территориалон æмæ социалон уагахаст === Хъомыл тигртæ — территориалон сырдтæ сты, цæрынц иунæгтæй æмæ тызмæгæй хъахъхъæнынц сæ территоритæ. Сæ приватон зæххытæ тигртæ фæбæрæг кæнынц аллыхуызон мадзæлттæй. Территорийы бæрæггæнæн индивидуалон тæфæй у тигрты коммуникацийы сæйрагдæр фæрæзтæй иу. Мизынцагæй нысæнттæ тигртæ ныууадзынц сæйрагдæр вертикалон фæзойтыл: бæлæсты зæнджытыл, къæдзæхтыл, хибарæй лæуугæ къудзитыл æмæ а.д. Уыимæ тигр сысмуды дзаумамæ, стæй йæм чылдымырдæм разилы, къæдзил сисы вертикалон уæлæмæ. Мизынцъаг æддæмæ æппæрст æрцæуы пырхгонд цæхъалæй фæстæмæ, 30 см дæргæй кæнæ хæстæгдæрæй.<ref name="Udakov"/> Мизынцъагæй нысæнттæ вертикалон фæзойтыл тигртæ фæкæнынц зæххы æмвæзæй 60-125 см уæлдæр. Ноджы ма тигртæ нысан кæнынц территори мит кæнæ мæр хъæмпус кæнгæйæ.<ref name="Udakov"/> Тигртæ ма сæхи фæхафынц бæлæстыл æмæ сын сæ зæнгтæ цъæрæмыхст фæкæнынц. Приватон территорийы бæрц тынг æнкъуысы цæрæнранмæ, æфтиагмæ гæсгæ, нæлтæн та ма ацы бынаты цал сылы цæры уымæй дæр ма. Сыл тигрæн йæ территори арæхдæр вæййы иу 20 км², нæлты территоритæ та сты дзæвгар стылдæр — 60-100 км². Хъомыл нæлы территорийыл гæнæн ис æмæ вæййы цалдæр сылы индивидуалон территоритæ, сæ æмахаст вæййы 1:2 кæнæ 1:4<ref name="Udakov"/><ref name="redbook">{{чиныг|автор =Тихонов А. |часть = |заглавие = Красная книга России. Животные и растения|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = РОСМЭН |год = 2002|том = |страницы =414 |страниц = |серия = |isbn =5-353-00500-7 |тираж = 10000}}</ref>. Тигртæн сæ тирриторийыл цæуыны фæндæгтæ сты æнæивгæ. Уыдоныл цæугæйæ тигртæ æдзухдæр фæнысан кæнынц сæ территори, скæнынц цыбыр кæнæ дæргъвæтин рæстæгмæ хуыссыны рæттæ. Территорийыл суткæйы æмгъуыдмæ цас фæцарццу кæны тигр уый дæлбар у цалдæр факторæн. Æхсæйнаг цыд хи территорийыл хъомыл нæлæн у 9,6 км, максималон 41 км. Æхсæйнаг цыд сылæн — 7 км, максималон 22 км<ref name="Udakov">{{чиныг|автор =Юдаков А. Г., Николаев И. Г. |часть = |заглавие = Экология амурского тигра. По зимним стационарным наблюдениям 1970—1973 гг. в западной части Среднего Сихотэ-Алиня|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = Москва|издательство = Наука |год = 1987|том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. Сыл тигртæ хаттæй-хатт схуыл вæййынц кæрæдзийымæ, фæлæ уæддæр арæх сæ тирриторитæ иу хайы вæййынц иумæйæгтæ, æмæ сыл сабырæй фæфидауынц, нæлтæ та никуы фæуадзынц æндæр нæлты сæ территорийыл æдзухдæр цæрын, стæй йæ сæрты хизын дæр<ref name="publishers1992">{{чиныг|автор = Thapar, Valmik |часть = |заглавие = The Tiger’s Destiny. |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |бынат = London|издательство = Kyle Cathie Ltd: Publishers |год = 1992|том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. Ахæм агрессивон территориалон уагахаст тигрты нæлты астæу арæх æркæны уæззау цæфтæм, хаттæй-хатт та иуы мæлæтмæ дæр. Афтæмæй арæхдæр тигртæ не схуыл вæййынц, æрхæцынц тасæфтауæг позæтæй æмæ мыртæй. Тигры нæлтæ æнцонтæй æрцæрынц сылтимæ иу территорийыл, суанг ма фæдих кæнынц сæ амæттагæй дæр. Сылтæ дæр фæдих кæнынц сæ цуаны фæстиуджытæй, æмæ ма, нæлтæй уæлдай, сæхи æрд сырдтимæ дæр. === Хæлцад === [[Файл:Tigergebiss.jpg|thumb|180px|Амураг тигры дзых]] Хъæдтаг æрдзы тигртæ сæхи æфсадынц [[сæфтæгджынтæ]]й: бенгайлаг тигртæн сæ амæттаг сты ахæм хуызтæ куыд, саг [[индиаг замбар]], [[аксис]], хъæддагхуы æмæ [[нильгау]]; амураг тигрæн — [[уæздан саг]], [[тæппытæ саг]], [[хъæддагхуы]], [[сæгуыт]] æмæ [[кабарга]]; суматрæйаг тигрæн — саг самбар, хъæддагхуы æмæ [[чепракон тапир]]. Ноджы ма тигрты бон у цуан кæнын егъау халхортыл — [[индиаг къамбец]], [[гаур]], æмæ [[цæгатаг саг]]. Уый йæдтæмæ ма хаттæй-хатт тигртæ фæхæрынц сæхицæн æнахуыр хæринаг, [[маймули]]тæ, [[сындзы уасæг|сындзы уасджыты]], [[тæрхъус]]ты æмæ ма кæсаг дæр. Æххæст хæлцадæн тигры хъæуы 50-70 сæфтæгджыны афæдзмæ. Хъуыстгонд у тигрты бон кæй у марын æндæр тугдзыхты, зæгъæм [[бирæгъ]]ты, [[леопард]]ты, [[æлхъивгалм|æлхъивгæлмыты]] æмæ хаттæй-хатт [[кæфхъуындар (цæрæгой)|кæфхъуындарты]] дæр. Амураг тигртæ æмæ [[бур арс]]тæ кæрæдзийæн тæссаг сырдтæ сты, ис бирæнымæцон хъусынгæнинæгтæ тигртæ кæй марынц сæ лæппынты æмæ ныххауынц хъомыл æрстыл дæр. Бур æмæ [[гималайаг арс|гималайаг æрсытæ]] сты амураг тигры хойраджы рационы 5-8 % (фылдæр сæ амарынц хъомыл тигртæ). [[Малайаг арс]] у тынг бырсæг, æмæ хаттæй-хатт атæры тигры йæ амæттагæй, фæлæ арæхдæр зыгъуыммæ рауайы; малайаг тигртæ цуаны фæцæуынц ацы æрсытыл. Хъомыл [[индийаг пыл]]тæ тигрæн æгæр стыр сты, уымæ гæсгæ стыр гæдытæ адонимæ фембæлынæй сæхи фæхизынц, фæлæ хаттæй-хатт амарынц æрыгон лæппынты. Хъуыстгонд у иу цау тигр куы амардта [[индийаг сыкъафындз|индийаг сыкъафындзы]] хъомыл сылы. Хаттæй-хатт тигртæ цуан фæкæнынц хæдзарон цæрæгойтыл дæр, [[куыдз|куыйтыл]], [[хъуг|хъуццытыл]], [[бæх]]тыл æмæ [[хæрæг|хæрджытыл]]. Зайæгхал хойрагæй — æнгузтæй, кæрдæгæй, дыргътæй — тигртæ фæпайда кæнынц сæрды.<ref name="USSR2">{{чиныг|автор = Флинт В. Е., Чугунов Ю. Д., Смирин В. М. |часть = |заглавие = Млекопитающие СССР|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = Москва |издательство = Наука|год = 1965 |том = |страницы = |страниц =440 с илл. и цв. вкладками |серия =Справочник-определитель географа и путешественника |isbn = |тираж = }}</ref> Йæ арæалы территорийыл æппæтыл дæр, тигр у [[хойраджы рæхыс]]ы уæлдæр цæг, æмæ йын æндæр тугдзых сырдтæ конкуренци самайыны хъом не сты. Хаттæй-хатт ахæм конкуренцийы хъом свæййынц мыггаг [[куыйтæ|куыйты]] минæвæрттæ, кæдон цуаны фæцæуынц стыр балтæй — зæгъæм индиаг [[сырх бирæгъ]]. Хаттмæ тигр бахæры 30-40 кг зиза. Æххормаг хъомыл нæл сырдты бон у бахæрын хаттмæ дзидзайы 50 кг<ref name="university2002">Sunquist, Mel and Fiona Sunquist. 2002. Wild Cats of the World. University Of Chicago Press, Chicago</ref>. Саджы кæнæ хъæддагхуыйы марды цур тигр баззайы цалдæр боны, уыдоны дæргъы фæхæры йæ амæттаджы. Хæринаг куы нæ вæййы уæд тигрæн феххуыс вæййы дæлцармон сайаг клетчаткæ, йæ бæзджын амураг тигрæн фæхæццæ кæны 5 см онг. === Цуан === Тигртæ цуан кæнынц афтиддæр иунæгтæй, пайда кæнынц цуаны рæстæг дыууæ амалæй: амæттагмæ хъуызын кæнæ йæм бабадгæйæ æнхъæлмæ кæсын. Фыццаг фадатæй арæхдæр фæпайда кæнынц зымæджы, дыккагæй сæрды<ref name="Udakov"/>. Тигртæ арæхдæр фæхъуызынц кæнæ фенхъæлмæ кæсынц сæ амæттагмæ къахвæдты æмæ дондарæнты цур. Цæрæгойы бафиппайгæйæ, тигр райдайы йæм хъуызын дымгæйы кæдзилы рдыгæй. Хъуызгæйæ фæцæуы цыбыр цадæг къахдзæфтæ кæнгæйæ, арæх æрæнцайы зæххыл. Амæттагмæ фаг хæстæг дардцæгмæ бабыргæйæ тигр цалдæр тынг стыр гæппæй йæ баййафы. Разыбадгæйæ тигр фæхуыссы дымгæйы бын. Амæттагмæ гæпп кæнгæйæ куы фæрæдийы уæд ма ассуры цæрæгойы афтиддæр 100-150 м. Уыимæ йæ буар дзæвгар уæззау кæй у уымæ нæ кæсгæйæ тигры бон у лидзын 60 км/ч алыхуызон уæлцæрттыл дæр.<ref name="Dale G"/> Дынджыр сæфтæгджынты тигр фæлвары æрцахсын сæ хъуырæй, æмæ стæй бахурх кæнын, кæнæ сын сæ бæрзæй асæттын, рауадзы сын сæ туг рабериндзæнтæй ({{lang-ru|сонные артерии}}) кæнæ яремон тугдадзинæй, уымæн йын фæххуыс вæййынц йæ ссыртæ, кæдоны дæргъ хæццæ кæны 8 см (æнæ бындзæфхадæй). Къаннæг сырдтыл цуан кæнгæйæ тигр сын асæтты сæ рагъыстæг кæнæ къабæзтæ æрбасæтты. Цуаны рæстæг тигры бон у гæпп кæнын [[бæрзæнд]]мæ 5 м онг, [[дæргъад|дæргъмæ]] та 9-10 метры онг<ref name="Dale G">{{чиныг |автор = Dale G. Miquelle, Philip A. Stephens, Evgeny N. Smirnov, John M. Goodrich, Olga J. Zaumyslova, Alexander E. Myslenkov. |сæргонд = Large Carnivores and the Conservation of Biodiversity |хай = Chapter 10. Tigers and Wolves in the Russian Far East: Competitive Exclusion, Functional Redundancy, and Conservation Implications. |рауагъдад = Island Press |аз = 2005 |isbn = 9781559630801 }}</ref>. Мард хойраг тигр фæхæссы дæндæгтæй хæцгæйæ кæнæ фæсонтæм баппаргæйæ: афтæмæй йæ бон у лидзын 100 кг бæрц амæттагимæ; 50 кг хæцгæйæ дæндæгтæй тигры бон у гæпп кæнын 2 метры уæлæмæ<ref name="Dale G"/>. Тынг егъау цæрæгойтыл цуан кæнгæйæ ([[гаур]]тыл æмæ азиаг къамбецтыл) тигры бон сæ у зæххыл хæр-хæр кæнын, уыимæ сæ уæз арæх йæхи уæзæй фæфылдæр вæййы 6-7 хатты<ref name="Dale G"/>. Хъомыл тигры бон у адæймаджы йæ дзæмбы иу цæфæй амарын. Цуаны цæуын зонындзинад тигрæн йæ æрдзæй дæттгæ миниуæг нæу, ууыл тигры лæппынты сахуыр кæны сæ мад <ref name="Udakov"/>. === Бирæкæнын === Тигртæн типикон у [[полигами]]<ref name="redbook"/>. Схъазынц декабры-январы. Территоритыл кæдоныл сырдты нымæц у къаннæг сылы фæстæ фæзилы афтиддæр иу нæл тигр. Нæлты астæу хуылтæ бацайдагъ вæййынц. Нæл куы бамбары сылы мицырайы нысæнттæм гæсгæ, репродуктивон уавæры ис, уый, уæд йæм фæзыны спецефикон уагахаст — [[флемен]], фæбæрæг кæны характерон гримасæйæ йæ хæмхудтыл.<ref name="gepener">{{чиныг|автор = Гептнер В. Г., Слудский А. А|часть = |заглавие = Млекопитающие СССР Хищные (Гиены и кошки) |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = Высшая школа |аз =1972 |том = 2 |страницы = |страниц =552 |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. Сыл тигр фæхъазы азы мидæг афтиддæр цалдæр боны. Сылты фылдæр хай фыццаг хатт цот æрхæссынц 3-4 аздзыдтæй. Ныззайы иу хатт 2-3 азы мидæг. Сыл заинаг вæййы 97-112 боны (æхсæйнагæй 103 боны)<ref name="university1999"/>. [[Файл:Panthera tigris altaica 13 - Buffalo Zoo.jpg|thumb|250px|Сыл тигр лæппынимæ]] Хуыкком саразынц зынвадат рæтты, скъуыдты дурты астæу, лæгæтты, кæлдымты астæу, хъæзты. Иу хуыккомы сыл тигр вæййы цалдæр азы дæргъы. Лæппын тигртæ фæзынынц март-апрелы. Лæппынты къорды вæййы 2-4 тигры, стæмхатт 1, ноджы стæмдæр 5-6<ref name="gepener"/>. Лæппынтæ фæзынынц куырмтæй, æнæбонтæй, сæ уæз вæййы 1,3 — 1,5 кг, иу 6-8 боны фæстæ цæстæй уынын райдайынц<ref name="publishers1992"/>. Фыццаг 6 къуырийы лæппынтæ фæцæрынц сæ мады æхсырæй. Мад сæм хæстæг никæй фæуадзы, царддзу кæнæг нæл тигрты бон у лæппынты амарын. 8 къуыридзыдæй лæппынты бон свæййы мады фæстæ уайын, æмæ хуыкком ныууадзынц. Бынтондæр цардмæ цæттæ лæппынтæ свæййынц 18 мæйдзыдтæй, фæлæ арæх баззайынц сæ мадимæ 2-3 азы, хатгай та 5 азы бæрц<ref name="publishers1992"/><ref name="university1999"/>. Хъæдхъом цард райдайæны фæстæ æрыгон сыл тигртæ арæхдæр æрцæрынц сæ мады территоримæ æввахс, æрыгон нæлтæ та ахæтынц тынг дард хи территори агургæйæ, фылдæр хатт сæ бахъæуы сæрмагонд зæххы хай байсын æндæр нæлтæй, кæд территорийыл тигртæ гыццыл фæцæры уæд та бацахсынц афтид участок. Хъазынхъом сылтæ свæййынц 3-4 аздзыдæй, нæлтæ та 4-5 аздзыдæй<ref name="publishers1992"/>. Йæ царды æмгъуыдмæ сыл æрхæссы 10-20 лæппыны, уыдонæй æрдæг арæхдæр амæлы тынг æрыгонæй<ref name="Udakov" />. Тигры царды æмгъуыд у 26 азы онг<ref name="zoogoer">{{cite web|url=http://nationalzoo.si.edu/Publications/ZooGoer/1998/2/tigerfacts.cfm|title=Zoogoer — Tiger, ''Panthera tigris''|accessdate=2009-10-06|archive-date=2011-10-12|archive-url=https://web.archive.org/web/20111012140047/http://nationalzoo.si.edu/Publications/ZooGoer/1998/2/tigerfacts.cfm|deadlink=yes}}</ref>. == Популяцийы статус == Адæймаг тигры дзæвгар рæстæг иугæндзонæй кæй хъыгдары уымæ гæсгæ йæ популяци æнæсцухкæнгæйæ къаддæрæй-къаддæр кæны, йæ цæрыны ареал та бынтон ныкъкъуындæг ис. Цавæрдæр бæрæггæнæнтæм гæсгæ йæ популяци æндæрæнусимæ абаргæйæ фæкъаддæр 95 %. Иумæйагæй райсгæйæ ацы хуызы нымæц хъæддаг æрдзы ныр у 4000-6500 сырды. Тæккæ фылдæр тигрты нымæц ныр ис Индийы; иу æмæ æрдæг мины бæрц цæры Вьетнамы, Лаосы, Тайланды, Китайы, Мьянмæйы. Хуссар-китайаг тигры популяцийы ис 30 сырды бæрц, амураг тигртæ та сты Æппæтдунеон æрдзы хъахъхъæды цæдисы иртæстытæм гæсгæ — 450 сырдмæ æввахс. Бындзарæй сыскъуыдысты æртæ дæлхуызы: сакъадæхтæй Явæ æмæ Балийæ, æмæ ма каспийаг тигр. {| class="wikitable" style="text-align:center" !bgcolor=ececec| Дæлхуыз || bgcolor=ececec| Сырдты минималон нымæц || bgcolor=ececec| Сырдты максималон нымæц |- | [[Амураг тигр]]|| 450 || 530 |- | [[Бенгайлаг тигр]] || 1300 || 2000 |- | [[Индокитайаг тигр]] || 600 || 1200 |- | [[Малайаг тигр]] || 600 || 650 |- | [[Хуссар-китайаг тигр]]|| 20 || 30 |- | [[Суматрæйаг тигр]] || 400 || 500 |- | [[Балийаг тигр]] || — || — (сыскъуыд) |- | [[Явæйаг тигр]] || — || — (сыскъуыд) |- | [[Каспийаг тигр]] || — || — (сыскъуыд) |} == Хъахъхъæдад == [[Файл:Russia-stamp1274tiger-snow.jpg|thumb|180px|Посты маркæ тигры нывимæ. [[Уæрæсе]]. [[1993-æм аз]].]] Тигр æхсæнадæмон хъахъхæд цæуы, бахастæуыд Сырх чиныгмæ<ref name="redbook"/>. [[1947-æм аз]]æй архайы æххæст ивар тигртыл цуанæн. [[1955-æм аз]]ы иваргонд æрцыдис лæппын тигрты ахст<ref name="redbook"/>. Тигрты нымæц цыбыргæнаг сæйраг фактор у адæймаджы хæдзарадон архайд æмæ цуан: куыд трофейтæ (царм) самал кæныны тыххæй, афтæ æнæниздзинады нысæнттимæ (тигры бирæ уæнгтæ æмæ буары хæйттæй пайда кæнынц скæсæны традицион медицинæйы). Сæрмагонд иваргонд территориты аразыны йæдтæмæ ма хуызы фервæзын кæнынæн пайда кæнынц æндæр мадзæлттæй дæр. Зæгъæм буддистон фестивалы Калачакра 2006-æм азы [[Далай-лама XIV]] радзырдта цæмæй мауал æлхæной уæй кæной æмæ пайда кæной ацы сырдтæй.<ref>{{cite web |author=Simon Denyer |title=Dalai Lama offers Indian tigers a lifeline |publisher=iol.co.za |date=March 6, 2006 |url=http://www.iol.co.za/index.php?set_id=1&click_id=143&art_id=qw1141631101585B251 | accessdate = 2009-10-06}}</ref>. Уый фæстæ паломниктæ фестивалæй сыздæхгæйæ райдыдтой куынæг кæнын æмæ æппарын тигры æмæ леопардты цæрмттæ, æмæ уыдонæй конд дзаумæттæ.<ref>[http://books.google.com/books?id=DPP7O3nb3g0C&pg=PA153&dq=india+tiger +largest&client=firefox-a Students' Britannica India — By Dale Hoiberg, Indu Ramchandani]</ref>. [[Файл:RR5109-0001R Амурский тигр.png|thumb|left|180px|Згъæрæхца иу [[сом]]ы реверс, [[Уæрæсе]], [[æвзист]] 900\1000 проб. Сери: Сырх Чиныг. Рауагъды датæ: 29.09.1993. Чеканкæ: Ленинграды згъæрæхцаты кæрт.]] Тигрты сæфтмæ кæнаг фактортæй æндæр у йæ уæнгтæй æмæ уæфттæй уæрæхæй пайдагонд кæй цæуы скæсæны медицинæйы: тæккæ хъуыстгонддæр ахæм медицинон препараттæ сты рыстæфсадæн хостæ æмæ [[афродизиак]]тæ. Тигрты буары хæйттæй пайдакæнын медицинæйы Китайы иваргонд у æмæ йæ сæрты ахизæгæн тугтæрхонон æфхæрд æвзиды; уæддæр ахæм æрмæджыты æнæлегалон æрзылд сау базары цæуы егъау бæрцуæтты. Цуаны æмæ æрдзон фалдзусы хæлды тыххæй тигрты нымæц фæстаг азты тынг фæкъаннæг. Æнусы размæ дунейы уыдис 100 мин хъæдтаг тигры бæрц, ныр сæ нымæц æрхаудта 2500 хъомыл сырдмæ, уыимæ хицæн популяциты нымæц нæ хизы 250 сæрты. Уæддæр тигры сæфт, куыд биологикон дæлхуызы сæфт, къаннæг у уымæн æмæ ахстуаты цæрынц 20 мин сырды бæрц. === Хъахъхъæд Уæрæсейы === Ныры уысмы тигры амураг дæлхуыз Уæрæсейы территорийыл хаст æрцыдис [[Уæрæсейы сырх чиныг]]мæ, II категорийымæ — стæм дæлхуыз, æвæрд æрцыд афтиддæр Уæрæсейы территорийыл<ref name="redbook"/>. Уæрæсейы территорийыл тигр официалон æгъдауæй хъахъхъæдад кæнын райдыдта [[1947-æм аз]]ы ацы хуыз «Æхсæнадæмон сырх чиныг»-мæ хаст куы æрцыдис, уæд<ref name="redbook"/>. [[1935-æм аз]]ы Денджызгæрон крайы бындур æрæвæрдæуыд Сихотэ-Алины паддзахадон [[æрдзæвæрæн]]æн, фæстæдæр — [[Лазойы æрдзæвæрæн]]æн, Кедровый падæн æмæ Уссуриаг æрдзæвæрæнæн, уыдоны территориты ныр хъахъхъæд цæуы амураг тигр. Амураг тигры бахъхъахъхъæнын Дард Скæсæны ссис приоритетон хæслæвæрд [[Хъæддаг æрдзы æппæтдунеон фонд]]æн куыддæр Уæрæсейы территорийыл йæ куыст райдыдта, афтæ. Уыцы фонд рауагъта «Амураг тигры Уæрæсейы бахъахъхъæныны стратегитæ». Амынд документ бæрæг кæны сæйраг арæзт тигры бахъахъхъæныны фæдыл архайдæн.<ref>{{cite web |url=http://www.wwf.ru/ |title=WWF —Всемирный фонд дикой природы, российское представительство |accessdate=2009-10-06 |archive-date=2006-09-01 |archive-url=https://web.archive.org/web/20060901011623/http://www.wwf.ru/ |deadlink=yes }}</ref> Æхсæнады цæст æрдарыны тыххæй тигрты сæфты проблемæтæм, Уæрæсейы æрвылаз арæзт цæуы бæрæгбон-акци «Тигры бон». Фыццаг хатт бæрæггонд æрцыдис [[2000-æм аз]]ы [[Владивосток|Владивосточы]] фонд Феникс æмæ фыссæг æмæ цуанзон Владимир Тройнины хъæппæрисæй. [[2001-æм аз]]ы Владивосточы администрацийы сæргълæууæг бафыста постановлени цæмæй ацы бæрæгбон æрвылаз бæррæггонд цæуа сентябры цыппæрæм хуыцаубоны<ref>{{cite web | author = | authorlink = | datepublished = 2006-10-06 | url = http://www.museum.ru/N28394 | title = В Чите отметили «День тигра» | accessdate = 2009-10-06 }} </ref>. [[2010-æм аз]]ы сентябры Владивосточы пълан æвæрд æрцыд цæмæй сæххæст кæной æхсæнадæмон Тигрон саммит 13 бæстæйы хицауæдты сæргълæууджыты æмвæзыл. Саммиты хъуамæ æртæрхон кæной тигрты популяцийы фæцыбыры проблемæ, æмæ ма иумæйаг уæрæсейаг-китайаг æрдзæвæрæны аразыны тыххæй.<ref>{{cite web | url = http://www.ruvr.ru/main.php?lng=rus&q=115304&cid=372&p=27.05.2009&pn=5 | title = Разрабатывается новая российская стратегия сохранения амурского тигра | accessdate = 2009-10-06 | lang = ru | archive-date = 2008-12-01 | archive-url = https://web.archive.org/web/20081201031712/http://www.ruvr.ru/main.php?lng=rus | deadlink = yes }}</ref> == Иртæст æрдзы == Ис нæхъæн рæнхъ гæнæны, кæдоны æххуысæй цæуы тигрты иртæст хъæддаг æрдзы<ref name="premier"/>: * ''Къахвæдад'' ({{lang-ru|тропление}}) — тигрты иртæсты тæккæ рагондæр мадзал, йæ мидис у зымæгон тигры къахвæдтыл цæуын популяцийы нымæц æмæ динамикæ, асон æмæ æрдон сконд, репродуктивон хъомад раиртасыны нысанимæ. * ''Радиотрекинг'' — тигр цы ран ис æмæ йæ бынæттæ куыд ивы уымæ цæст дарын радиохъуырцæджы æххуысæй. * ''GPS-æрвитæджы æххуысæй трекинг''. Æрæджы радиохъуырцæджыты баивтой [[хъуырцæг|хъуырцæджытæ]] [[GPS]]-æрвитджытимæ. Ахæм хъуырцæгæн йæ Хъæлцады элементы ифтыгъд фаг кæны иу 500 бонæн, уый фæстæ йæхæдæг автоматикон æгъдауæй рафтауы йæхи сырды хъуырæй.<ref name="premier"/> Ахæм хъуырцæджытæ сывæрынæн тигрты рагацау æрцахсынц. Цы рæтты арæхдæр фæзыны сырд, уым бæласыл бафидар кæнынц сæрмагонд цасм [[æндон]] тросæй. Бæласыл ныууадзынц сайæн [[цъамалæг]]æй. Тигр ацы къæппæджы куы бахауы уæд сæрмагонд æрвитæг сигнал арвиты цъысым кæй скуыста.<ref name="premier"/> * ''Къамкъæппæджытæ'' — тигрты змæлды рæтты сæвæрынц [[къамисæн]]тæ, уыдон [[змæлды датчик|инфрасырх датчикы]] æххуысæй æркусынц сæ цурты сырд куы фæцæйцæуы, уæд. Къамисæнтæ фылдæрхатт сæвæрынц къæйттæй<ref name="premier">{{cite web |url=http://premier.gov.ru/tiger/program/?page=6 |title= Специальные устройства для исследования тигров | accessdate = 2009-10-06}}</ref>. Ацы метод фадат дæтты сбæрæг кæнын хицæн сырдты, сбæлвырд кæнын популяцийы нымæц æмæ æнгомад. == Тигр æмæ адæймаг == === Тигрыл цуан === [[Файл:ElephantbackTigerHunt.jpg|thumb|left|250px|Иллюстраци, æвдисы тигртыл цуан Индийы [[XIX-æм æнус]]ы.]] Адæм æппæт историйы дæргъы цуан кодтой тигрыл, уый нымад уыдис кадджын цуанон трофейыл. Иу таурæгъмæ гæсгæ, [[Алыксан Мачъыдон]] Астæуккаг Азийы бацахсты æмæ [[Сырдарья]]йы былтыл сахар ''Александрия эсхата'' ([[Худжанд]]) бындурæвæрды фæстæ арф ацыдис æнæцæрæг зæххыты хуылфмæ цæгатырдæр æмæ нырыккон [[Ташкент]]ы фæлдзусы цуан кодта [[Туранаг тигр]]тыл [[дротик]]ты æххуысæй. Рагон Корейы тигрыл цуан æмæ ахсгæ кодтой сæрмагонд цуанонтæ, йæхæдæг процесс та уыдис тынг ритуализацигонд: тигры ном дзурын нæ уыдис æмæ суанг цуаны рæстæг дзурын дæр не мбæлыдис<ref name="vokrugsveta">{{cite web|url=http://www.vokrugsveta.com/S4/nature/tiger.htm|title=Алцыдæр корейаг тигры тыххæй}}</ref>. Цуанæтты дзаумæттæ хицæн кодтой иннæ адæмы уæлæдарæсæй — дарддой æрвхуыз четæн къурткæ æмæ бæмбæгджын [[тюрбан]] цъæх хъуымацæй æмæ фæрдгуытæй фæлыстгондæй. Æнæмæнг атрибут ма тигртыл цуанонтæн уыдис хъуырфæрдгуытæ [[хъæдур]]æй. Цуанæтты хойраджы хъуамæ æдзухдæр уыдаид тигры дзидза. Цуанæттæ ахстой корейаг æхсæнады привилегиджын ран, сæрибар уыдысты паддзахадон хъалæттæ фидынæй дæр<ref name="vokrugsveta"/>. Тигртыл цуан хаста массон характер [[XIX]] æмæ [[XX]] æнусы райдайæны Индийы, уыдис ангисаг колонистты хиирхæфсты фæрæзтæй иу<ref name="Tiger-hunting"/>. Цуанæттæ цыдысты куыд фистæгæй афтæ [[гаур]]тыл æмæ [[пыл]]тыл бадгæйæ<ref name="Tiger-hunting">vide ''Royal Tiger'' (nom-de-plume) in ''The Manpoora Tiger — about a Tiger Hunt in Rajpootanah''. (1836) ''Bengal Sporting Magazine, Vol IV. reproduced in ''The Treasures of Indian Wildlife''</ref>. Арæх тигрты æрбасайынæн пайда кодтой сæгътæй<ref name="Tiger-hunting"/>. Бынæттон цæрджытæ иуæй-иу хатт уыдысты загонщиктæ, цагътой барабанты<ref name="Tiger-hunting"/>. Мард тигртæй арæх кодтой быдыргътæ, фæстæдæр иу уыдон фæлынд кодтой англисаг [[аристократи|аристократты]] хæдзæрттæ. Ныры уысмы тигртыл цуан иваргонд у, фæлæ ма бирæ рæтты тынг парахат кæны [[браконьердзинад]]. === Ахстуаты === Дунейы зоопаркты æмæ аквариумты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, иу 12 000 тигры АИШ-ы дарынц хæдзарон фосы хуызы<ref name="book-of-general-ignorance">[[John Lloyd (writer)|Lloyd, J]] & [[John Mitchinson|Mitchinson, J]]: «[[The Book of General Ignorance]]». Faber & Faber, 2006.</ref>. Афтæ бирæ кæй сты уый у АИШ-ы закъондæттынады хицæндзинæдты аххосаг: тигрты хæдзæртты дарын нæ уадзынц 19 штаты, 15-ы хъæуы сæрмагонд лицензи, 16 та ацы фарста закъонæй уагæвæрдгонд нæ цæуы.<ref name="book-of-general-ignorance"/> Хæдзарон тигрты бæрзонд нымæц баст у циркон æмæ зоопаркон тигртæй фылдæр цот цæуын кæй райдыдта 1980-æм æзты райдайæны, уымæй тигрты аргъ æрхаутта.<ref name="university1999">{{чиныг|автор = Nowak, Ronald M|часть = |заглавие = Walker’s Mammals of the World|оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |бынат = Baltimore|издательство = Johns Hopkins University Press|год = 1999 |том = |страницы = |страниц = |серия = |isbn = 0-8018-5789-9|тираж = }}</ref> === Тигртæ-адæмхортæ === [[Цомахъ]]ты астæу куыд вæййы афтæ тигрты астæу дæр æмбæлынц лæджыфыдхортæ; арæхдæр уыдон вæййынц зæронд кæнæ рынчын сырдтæ æнæ ссыртæй, уымæ гæсгæ сæ бон нæ вæййы [[сæфтæгджынтæ|сæфтæгджынтыл]] цуан кæнын. [[Джим Корбетт]], хъуыстгонд тигртыл цуанон, цы цаутæ сфысста, уыдон æвдисынц цы драматикон вæййынц ахæм ныххаудтæ. Тæккæ хъуыстгонддæр цау адæмхор тигртимæ æрцыдис Чоугары ([[Найнитал (зылд)|Найниталы зылд]]). Ам [[1925-æм аз]]ы 15 декабрæй [[1930-æм аз]]ы 21 мартъийы онг сыл тигры амæттæгтæ систы 64 адæймаджы<ref>{{чиныг|автор = JIM CORBETT|часть = |заглавие = MAN — EATERS OF KUMAON |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издательство = Oxford University Press |место = |год = 1993 |том = |страницы = 228|страниц = |серия = |isbn =0195622553 |тираж = }}</ref>. Адæмхор тигрты проблемæ ныр дæр ма у актуалон индийаг штаттæн [[Уттар-Прадеш]] æмæ [[Сундарбан]]æн. Сундарбаны [[мангровæ|мангровæйы]] цыфдзæстыты, тигры аххосæй æппæты фылдæр адæм кæм мæлы, адæймагыл цуан фæкæнынц æххæстæй æнæниз сырдтæ дæр.<ref name="mir"/> Индиаг зоологтæ сбæрæг кодтой, ацы регионы сырдтæй аллы цыппæрæм дæр кæй у потенциалон адæмхор, арæх адæймагыл ныххауынц æнæнхъæлæджы.<ref>{{чиныг| сæргонд = Большие кошки. Тигр |рауагъд = Древо познания| тип = коллекционный журнал|рауагъдад = Marshall Cavendish| аз=2002 | фарсы = 315-318, 597-598| isbn= }}</ref>. Фæлæ ссардæуыд ахæм тигртимæ тохы хуымæтæг мадзал. Тигртæ-адæмхортæ барæй фæхъавынц адæмммæ дымгæйы ныхмæ кæнæ йæм фенхъæлмæ кæсынц разбадæны, æмæ фылдæр хатт ныххауынц фæсонты рдыгæй. Ахæм уавæрты æрымысыдысты хуымæтæг æмæ ахъазджын мадзал, къæбутыл скæнынц маскæ, йæ уæлæ цæсгом æмæ цæстыты нывимæ. Ацы сайæн бирæ фæкъаддæр кæны тигры ныххауды гæнæн<ref name="mir">{{чиныг|автор = Н. Ю. Феоктистова, С. В. Найденко, Н. Г. Овсяников |часть = |заглавие =Мир зверей |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = Москва|издательство = АСТ, Астрель|год = 2001|том = |страницы = |страниц = |серия =Я познаю мир. Энциклопедия |isbn = |тираж = }}</ref> === Китайы традицион медицинæ === [[Файл:Kuniyoshi Utagawa, Tiger.jpg|thumb|«Тигр», XIX æнус, [[Утагава Куниёси]]]] Китайы цæрджыты фылдæр хай æнхъæлынц æмæ тигры алыхуызон буары хæйттæ æмæ уыргтæ дзæбæхгæнæн миниуджыты хицау сты, æмæ уыдонæй пайда кæнынц куыд [[Анальгетиктæ|рыстсæттæнты]] хуызонæй райдай æмæ [[афродизиак]]тæй фæуы<ref name="Andrew2">{{cite news|last=Harding |first=Andrew |url=http://news.bbc.co.uk/2/hi/programmes/from_our_own_correspondent/5371500.stm |title=Programmes | From Our Own Correspondent | Beijing's penis emporium |publisher=BBC News | accessdate = 2009-10-06 |lang = en}}</ref>. Китайы традицион медицинæйы пайда кæнынц тигры æппæт уæнгтæй æмæ уыргтæй, рихитæй райдай æмæ кæдзилæй фæуы.<ref name="Andrew2"/> Ацы уырнынæдтæн исты наукон бындур æвæрд нæма æрцыдис. Ныр тигры уæнгтæй пайда кæнын Китайы у хъодыгонд, тигрыл цуангæнджыты та æфхæрынц мæлæты тæрхон рахæссынæй. Уымæ гæсгæ китайаг базаргæнджытæ арæх сæрвитынц сæ криминалон заказтæ тигртæ самал кæнынæн арæнтæм æввахс цæрæг уæрæсейæгтæн. === Мифологи, таурæгътæ æмæ символизм === Тигр у [[Ази|Азийы]] бæстæты адæмон мифты сæйраг персонажтæй иу, уæлдайдæр уыцы регионты, кæдон йæ цæрæнрæттимæ æнгом баст сты. Арæх æй афыссынц куыд сырдты паддзахы, æппæт сурзæххыл цы цæрæгойтæ цæры — уыдоны бардзырдтæттæг, монархийы æмæ тыхы символ. Тигры арæх фæбæттынц æхсаримæ — афтæ Индийы йæ ныв — хæстоны эмблемæ<ref name="slovarsimvolov"/>. Японы кæд тигр хъуыстгонд уыдис афтиддæр мифты фæрцы, уæддæр йæ сурæт у æхсары символ æмæ у хъайтарты атрибут<ref name="slovarsimvolov">{{чиныг|автор =Тресиддер Джек |хай = |заглавие = Словарь символов |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = |год = 1999 |том = |страницы = |страниц =430 |серия = |isbn = |тираж = }}</ref>. [[Хуссар-Ныгуылæн Ази]]йы æмæ [[Корей]]ы тигрæн кад лæвæрдтой куыд хæхты æмæ лæгтæтты хицауæн, нымад уыдис хицауиуæг паддзахон мыггæгтыл ауыдæгыл, æмæ йæм кастысты куыд Зæхх æмæ Арвы астæу æхсæнгæнæгмæ. [[Китай]]ы æууæндыдысты — тигр кæй у хъомысы æмæ æнæниздзинады символ æмæ иуфарс кæй ссуры фыдтыхтæ æмæ низтæ. [[Даосизм]]ы ацы тугдзых ассоциацигонд цыдис ныгуылæнимæ, уырс хуызимæ, фæззæгимæ æмæ фондз фыццаг элементтæй иуимæ — донимæ. Йæ ныхмæ æвæрд цыдис кæрдæгхуыз [[дракон]] — уалдзыгон скæсæны {{ома|фæлгондз|воплощение}}. Тигры æмæ драконы тох ссис Китайы нывкæныны популярондæр символикон мотивтæй иу. Тигр у китайаг [[буддизм]]ы Æртæ Æнæнкъараг Уæвджытæй иу, фæлгонц кæны фыдзæрдæдзинад.<ref name="slovarsimvolov"/>. Ноджы ма китайаг уырнынæдтæм гæсгæ фондз легендарон тигры хъахъхъæнынц дунейы фæрстæ æмæ Центр; æрвхуыз — скæсæн, сау — цæгат, сырх — хуссар, уырсытæ ныгуылæн æмæ центр.<ref name="slovarsimvolov"/> Тигр нымад у æртыккаг сырдыл китайаг 12-азон къæлиндары. Иуæй-иу азиатаг адæмыхæттыты уырнынæдтæм гæсгæ тигртæ нымад уыдысты адæймаджы фыццагон фыдæлтыл, кæнæ адæмы æндæр расæйыл. Афтæ [[Малайзи|малайаг]] знæмтæ æнхъæлдтой, тигртæм кæй ис адæмы хуызон социалон уагæвæрд, Сыбыры [[нивхи]]тæ æмæ [[Суматрæ]]йы цæрджытæ та æнхъæлдтой тигртæ адæмы хицæн хуыз кæй сты. Индийы хицæн адæмыхæттытæ сæ хæдзарвæндаг ранымадтой иу сылгоймаджы æмæ тигры бинонтæй, æмæ сæхи хуыдтой «тигр-адæм». Ахæм районтæй бирæты тигрыл цуан уыдис хъодыгонд<ref name="india.gov.in">[http://india.gov.in/knowindia/national_animal.php National Animal] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20110721160222/http://india.gov.in/knowindia/national_animal.php |date=2011-07-21 }} ''Panthera tigris'', Tiger is the [[national animal]] of [[India]] [[Govt. of India]] website</ref>. Цавæрдæр азиатаг адæмыхæттыты уырныдта: тигртæ кæй сты сæ фыццагон рагфыдæлтæ, кæнæ та адæмы æндæр расæ. Афтæ [[Малайзи|малайаг]] знæмтæ æнхъæлдтой тигртæм кæй ис социалон уагæвæрд раст куыд адæммæ, Сыбыры [[нивхи]]тæ æмæ [[Суматрæ]]йы цæрджытæ та сæ нымадтой адæмы хицæн хуызыл. Индийы кæцыдæр адæмыхæттытæ сæ хæдзарвæндаджы райдайæныл нымадтой тигры æмæ сылгоймаджы бинонтæ, сæхи та фæхонынц «адæм-тигртæ». Ахæм уырнынæдтæ парахат кæм уыдысты уыцы районтæй бирæты тигры марын æмæ йыл цуан кæнын тобæгонд уыдис.<ref name="india.gov.in"/> Тигримæ ма уыдис баст цотуадзæн хъомысы культ. Азийы дард къуымты æнхъæлдтой, [[хуыскъдзинад]] сдзæбæх кæнынæн кæй хъæуы тигры фыд хæрын, кæнæ йын йæ фæдтыл зилын, кæнæ йæ царм дарын. Зæгъæм китайаг дуаг [[Си Ван Му]], ныгуылæны, цотуадзæн хъомысы æмæ æнæмæлæты бардзырддæттæг рагон китайаг ратæдзæнты фæзыны тигроморфон æууæлтимæ. Антикон мифологийы ацы сырд стæм хæттыты æмбæлы: [[Овидий]] фæхъусын кæны сыл тигр кæй фестадис [[Фетида]] цæмæй [[Пелей]]ы ус ма суа. Тигры кой ма скæнынц куыд [[Дионис]]ы саргъон цæрæгой, фæлæ арæхдæр уыцы функци æххæст кæны йæ хæстæг — [[пантерæ]]. Ноджы ма рагон грекъаг мифологийы тигртæ хатгай æвдыст цæуынц [[леопард]]ты бæсты Дионисы ([[Вакх]]ы) уæрдон ласджытæй.<ref name="slovarsimvolov"/> Æвзонг Европæйы тигр райдыдта хатын куыд хъомысы æмæ тугмондагдзинады фæлгондз<ref name="slovarsimvolov"/>. Нырыккон ныгуылæн культурæйы тигры сурæт хицæнхуыз нысаниуæг райста [[татуировкæ]]ты, уыимæ ахæстононты дæр, æмæ амоны джелбетт, тых, æнæхатырдзинад æмæ рыхæн.<ref name="tatu">{{чиныг|автор = Д. С. Балдаев |хай= |заглавие = Татуировки заключенных |оригинал = |ссылка = |ответственный = |издание = |место = |издательство = Лимбус Пресс |год = 2006|том = |страницы =168 |серия = |isbn = 5-8370-0128-X|тираж = 3000}}</ref> «Тигры стиль» — [[ушу]]йы традицион æддаг стильтæй егъаудæртæй иу. === Нывкæнынады === Нывкæнынады фæлдисондтæй тигримæ фыццæгтæ ссардæуыдысты корейаг зæппæдзты, æнхъæлгæйæ хауынц Когурёты æлдариуæджы периодмæ (37-æм аз нæ д.а. — 668-æм аз нæ д.)<ref name="vokrugsveta"/>. Нымад уыдис, тигры нывтæ кæй хъахъхъæнынц зæппæдзтæ. Къултыл нывтæ йæдтæмæ ма зæппæдзты ссардæуыд бирæ дзаумæттæ кæдоны датировкæтæ хауыц [[бронзæйы æнус]]мæ (1000-æм аз нæ д.а. — 300-æм аз нæ д.а.), тигры сурæттимæ: [[айдæн]]тæ, [[фæрæт]]тæ, [[кард|кæрдтæ]], мигæнæнтæ, дзæнгæрджытæ, гиритæ, фæлындæнтæ, ритуалон дзаумæттæ æмæ æнд.<ref name="vokrugsveta"/> Тигр у кирайаг живописы сæйрагдæр сюжеттæй иу. Арæх ис сæмбæлæн тигры сурæттыл индиаг аивады. Тæккæ хъуыстгонддæр дæнцæгтæй ис æрхæссæн хъæдын механизацигонд æмæ ахуырс тигр [[Типу Султан]], хæры англисаг салдатты сырх униформæйы (раласдæуыд [[Шрирангапатнам]]æй, ныр ис [[Викторийы æмæ Альберты Музæй|Викторийы æмæ Альберты]] музæйы). [[Ислам]]ы цæрæгойты сурæттæ кæныныл æвæрд æрцыдис хъоды, уымæ гæсгæ пысылмон бæстæты аивад сæрмагонд фæндагыл ацыдис. Фæлæ афтиддæр тигртæн [[суфизм]]ы, пысылмон дины къабазтæй иуы, уæлвæтгонд æрцыдис æмæ йæ нывтыл æмæ сурæттыл ис фембæлæн гауызтыл æмæ хъуымæцтыл, æмæ ма сахар [[Самарканд]]ы мæсджытты фасадтыл дæр [[Узбекистан]]ы. Тигры сурæттæ сæ бынат ссардтой европейаг нывкæнынады дæр, зæгъæм [[Делакруа]]йы африкæйаг цуанон сценæтыл. === Литературæ === [[Файл:Tyger.jpg|thumb|250px|right|У. Блейчы æмдзæвгæ «Тигр»-имæ ныв.]] Тигры сурæт æмбæлы дунейы тынг бирæ фысджыты æмæ поэтты сфæлдыстады. Индиаг æмæ китайаг литерарутæйы традицимæ гæсгæ уæлæуыл кодтой тигры хъомыс. Ацы цæрæгой арæх æвдыст æрцæуы рæстдзинады, зондджындзинады æмæ хатгай æхсидгæ уарзты хъахъхъæнæгыл. Тигрмæ ахæм æнкъарæн ардыгæй ахызтис Æввахс Скæсæны прозæ æмæ поэзимæ. Ныгуылæневропæйаг литературæйы тигрмæ ахаст æмнысанон нæ уыдис. Афтæ [[Киплинг, Редьярд|Редьярд Киплинг]] йæ фæлдисонды «[[Джунглиты чиныг]]»-ы равдыста тигры хинæйдзаг æмæ тызмæг сырдæй. [[Честертон, Гилберт Кит|Г. Честертон]] хуыдта тигры «хъынцымаг фидауцы фæлгонц»<!--the emblem of woeful elegance-->.<ref name="Borges"/>. Уыимæ сывæллæтæн фыссæг [[Милн, Алан Александр|Алан Милн]] йæ фæлдисонды [[Винни-Пух]]ы тыххæй ракодта зæрдæмæдзæугæ æмæ хъæлдзæг персонажы — [[Тигрæ|Тигрæйы]]. Тигр позитивон хуызы æвдыст у [[Генри Лайон Олди|Г. Л. Олдимæ]] йæ радзырды «[[Хоанга]]». Тæппуд тигры сурæт сфæлдыста [[Баум, Лаймэн Фрэнк|Ф. Баум]] йæ чингуыты Оз бæстæйы тыххæй. Тигры цурты поэттæ дæр нæ ацыдысты. Тигры зæрдылдаргæ сурæт сфæлдыста йæ мдзæвгæйы «Цигантæм» (1920) [[Гумилев, Николай Степанович|Н. С. Гумилёв]]. [[Борхес, Хорхе Луис|Х. Л. Борхес]] сывæллонæй сырдтæй фыццаг федта æмæ бахъуыды кодта зоопарчы тигры,<ref name="Borges"/> æмæ йæм ис тигры тыххæй æмдзæвгæты æмбырдгонд «[http://lib.ru/BORHES/tigry.txt Тигрты сыгъзæринтæ]». Англисагæвзагон бæстæты тæккæ хрестоматийон æмдзæвгæтæм хауы [[Блейк, Уильям|Уильям Блейчы]] æмдзæвгæ «[[:en:The Tyger|Тигр]]»<ref name="Borges">''Jorge Luis Borges: Conversations''. University Press of Mississippi, 1998. ISBN 1-57806-075-3. Page 169.</ref>. [[Арсеньев, Владимир Клавдиевич|Владимир Арсеньевы]] чиныджы «[[Уссурийаг крайы æгайнæг рæтты]]» сæйраг герой [[Дерсу Узала]] æрыгонæй æнæнхъæлæджы амардта тобæйаг цæрæгойы — тигры, æмæ æнæхъæн цард тухитæ кодта йæхи аххосагыл нымайгæйæ æмæ тайгайы хицауæй тæрсгæйæ. === Геральдикæйы === [[Геральдикæ|Геральдикон]] тигрæн (фæхонынц ма йæ '[[:en:tyger|tyger]]'' уымæн æмæ йæ хъæуы ахицæн кæнын «æрдзон» тигрæй ''[[:en:tiger|tiger]]'' сæ дыууæ дæр кæй æмбæлынц геральдикæйы уымæ гæсгæ) ис бирæгъы буар, цомахъы къæдзил æмæ барц, хъомысджын æфсæртæ (уæллаг бырынкъджын) æмæ даргъгонд мукъу. Афтæмæй йæ сæ цæстытыл уайын кодтой астæузаманы нывгæнджытæ, уымæн æмæ гас сырды никуы федтой. Амураг тигр нывгонд у Денджызгæрон крайы тырысайыл æмæ гербыл, Хабаровсчы крайы гербыл æмæ ма крайы тынг бирæ сахарты æмæ районты геральдикон символтыл. Амураг тигр ма у [[Корейы Республикæ]]йы национ цæрæгой<ref name="vokrugsveta"/>. Малайаг тигр у Малайзийы национ символ, нывгонд у бæстæйы гербыл, паддзахадон уагдæтты эмблемæты, гæрзифтонг тыхты эмблемæтыл. Шри-Ланкæйы бенгайлаг тигр сурæтгонд у тамилаг [[сепаратизм|сепаратистон]] змæлд [[Тамил-Иламы суæгъды Тигртæ|Тамил-Иламы суæгъды Тигрты]] тырыса æмæ эмблемæйыл. <gallery> Ныв:Coat of arms of Primorsky Krai.svg|[[Денджызгæрон край]]ы герб Ныв:Coat of Arms of Vladivostok.svg|[[Владивосток|Владивосточы]] герб Ныв:Coat of arms of Irkutsk 1790.svg|Иркутсчы зæронд герб ([[1790-æм аз]]) </gallery> == Фиппаинæтгæ == {{reflist|2|height="200px"}} {{фиппаинæгтæ}} == Æддаг æрмæг == * [http://www.tigry.ru Алцыдæр тигрты тыххæй] * [http://www.panda.org/about_wwf/what_we_do/species/about_species/species_factsheets/tigers/index.cfm WWF — Tigers] * [http://www.geophoto.ru/?action=search&sobje=10169 Амурский тигр и следы его жизнедеятельности] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20130515191644/http://geophoto.ru/?action=search&sobje=10169 |date=2013-05-15 }} * [http://www.vitalstatistics.info/sub-category2.asp?cid=6&scid=1349 Vital Statistics: Tigers] {{Webarchive|url=https://web.archive.org/web/20070928210827/http://www.vitalstatistics.info/sub-category2.asp?cid=6&scid=1349 |date=2007-09-28 }} * [http://www.bangalinet.com/tiger1.htm Tiger — BangaliNET.com] [[Категори:Гæдытæ]] [[Категори:Азийы æхсырæйхæсджытæ]] [[Категори:Дард Скæсæны фаунæ]] [[Категори:Википеди:Хуыздæр статьятæ]]
Фæстæмæ,
Тигр
-мæ.
Навигацион меню
Хион фæрæзтæ
Бахизын
Номдæттæ
Уац
Тæрхон
ирон
Æркæстытæ
Кæсын
Просмотр кода
Истори
Фылдæр
Агуырд
Навигаци
Сæйраг фарс
Фæстаг ивдтытæ
Æрхаугæ фарс
MediaWiki-йы тыххæй æххуыс
Сæрмагонд фæрстæ
Фæрæзтæ
Чи æрвиты ардæм
Баст ивдтытæ
Ацы фарсы тыххæй