Комплексон нымæц

testwiki-æй
Перейти к навигации Перейти к поиску

Хуызæг:Нæфидаргонд терминологи

Комплексон нымæц гæнæн ис равдисын куыд вектор (a,b). Re у æцæг сæмæн, Im та мæнг сæмæн.

Комплексон нымæц у ахæм нымæц, кæцы æвæрд кæны a + bi формæйы, кæм a æмæ b сты æцæг нымæцтæ, æмæ i та у мæнг иуæг. Афтæмæй, a хонынц æцæг хай, æмæ b та мæнг хай. Комплексон нымæцтæ иубарон нымæцты хахх уæрæхдæр кæнынц дыбарон комплексон фæзмæ. Комплексон нымæц, кæй æцæг хай у нуль, хонынц сыгъдæг мæнг нымæц, кæд та йæ мæнг хай у нуль, уæд уыхæм нымæц у æцæг нымæц. Уымæ гæсгæ комплексон нымæцты æмбырд дары æцæг нымæцтæ дæр.

Комплексон нымæцтæн бæрæг кæнынц цалдæр операцийы. Дыууæ кæмплексон нымæцы z1=(x1,y1) æмæ z2=(x2,y2) хонынц æмиас æрмæст еуæд, кæд x1=x2 æмæ y1=y2. Сæ суммæ цын хонынц ахæм комплексон нымæц:

z1+z2=(x1+x2,y1+y2)

Сæ бæрон та ахæм:

z1z2=(x1x2y1y2,x1y2+x2y1)

Раппарын æмæ дих кæнын бæрæггонд цæуынц куыд æфтауын æмæ хатт кæныны зыгъуынмæ операцитæ. Бафтауын æмæ хатт кæныны операцитæм гæсгæ коплексон нымæцты æмбырд у быдыр. Æмбырды традицион нысан у C, кæнæ æндæр фыссынæй .

Комплексон нымæц a + bi гæнæн ис сбæрæг кæнын (a,b) тæппæй.

Æмæвæрын

Комплексон нымæц z=x+iy-ы æмæвæрд хонынц комплексон нымæц xiy. Нысан æй кæнынц уæлыйæ хаххæй. Зæгъæм z-ы æмæвæрд фыст кæны афтæ: z¯.

Хуызæг:Къæртт